Тыбылты Леонид бахæс кодта фæндæгтыл æдасдзинады мадзæлттæ фæкарздæр кæнын

© Sputnik / Ада БагианТыбылты Леонид бахæс кодта фæндæгтыл æдасдзинады мадзæлттæ фæкарздæр кæнын
Тыбылты Леонид бахæс кодта фæндæгтыл æдасдзинады мадзæлттæ фæкарздæр кæнын - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент ауагъта æмбырд, республикæйы прокурор Цгъойты Мераб трагикъон æгъдауæй фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ) кæй фæмард, уый фæстиуæгæн.

ЦХИНВАЛ, 11 янв — Sputnik. Хусар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид бахæс кодта фæндæгтыл æдасдзинады мадзæлттæ фæкарздæр кæнын æмæ ацы куыстмæ аздахын æхсæнадон организациты æмæ политикон партиты, фехъусын кодта паддзахады сæргълæууæджы пресс-секретарь Гана Яновская.

Хуссар Ирыстоны генералон прокурор Цгъойты Мераб фӕмард ФТЦ-ы

Мидхъуыддæгты минæвæрттимæ æмбырды рæстæджы президент æрдзырдта фæндæгты æдасдзинады уавæрыл сабаты æрцæугæ фæндагон-транспортон цауы фæстæ, цæй фæстиуæгæн фæмард республикæйы генералон прокурор Цгъойты Мераб. Тыбылты Леонид банысан кодта, цхинвайлаг уынгты хæрзарæзтад хъуамæ лæггад кæна цæрджыты цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн æмæ уыдоныл æдасдзинад бахъахъхъæнын у æрмæст барадхъахъхъæнæн органты нæ, фæлæ ма дзыллæйады сæйраг хæс дæр.

"Не ‘хсæнæй фæхъуыд йæ бæстæйы патриот, паддзахадон æмæ æхсæнадон архайæг, не ‘мгар. Ацы трагеди, ацы фыдракæнды аххосджын хъуамæ æфхæрд æрцæуа закъоны карздзинадæй. Цгъойты Мерабы бынаты гæнæн ис æмæ бахаудаид чифæнды дæр", — загъта президент.

Уый банысан кодта, фæндагон змæлды уагæвæрд халджыты æхсæн арæх кæй вæййынц барадхъахъхъæнæн органты кусджытæ сæхæдæг дæр. Уымæ гæсгæ, барсæтджыты ныхмæ хъуамæ тох кæной æхсæнадон организацитæ æмæ политикон партитæ.

"Мидхъуыддæгты министрад цы мадзæлттæ исы, уыдон алыхатт фаг нæ вæййынц. Ацы куыстмæ аздахын хъæуы æхсæнадон организациты æмæ бирæнымæц политикон партиты минæвæртты. Æз æнхъæлмæ кæсын уæ æнхъарæнтæм уавæр рараст кæныны фæдыл, цæмæй нæ фæндæгтыл мауал мæлой адæм, не ‘мбæстæгтæ", — загъта Тыбылты Леонид.

Ног хабӕртты лентӕ
0