Транскам æрæхгæдтой зæйтæ æрцæуын кæныны тыххӕй

Рафыссын
Цæгат æмæ Хуссар Ир цы фæндаг иу кæны, уый æхгæд æрцыд 12.00 сахатыл сæрмагонд бардзырды онг, фехъусын кодтой УУМ-ы.

ЦХИНВАЛ, 11 янв — Sputnik. Транскамы автомагистраль æрæхгæдтой 12 сахатыл сæрмагонд бардзырды онг трассæйы цæгатирыстойнаг фадыгыл зæйтæ æрцæуыны тыххæй, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты минстрады пресс-службæйы.

"Транскамы æрæмбырд бирæ мит, сæвзæрд тæссагдзинад трассæйы цæгатирыстойнаг фадыгыл зæйтæ æрцæуыны тыххæй. Уымæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады сæйраг управлени аскъуыддзаг кодта æрæхгæнын Транскамыл змæлд 12 сахатæй сæрмагонд бардзырды онг", — загъта ведомствӕйы минæвар.

Транскам у иунæг фæндаг, кæцы иу кæны Хуссар æмæ Цæгат Ир. Зымæгон рæстæг трассæйыл арæх сæвзæры уæлвæткон уавæртæ æвзæр боныгъæды фæстиуæгæн. Фæстаг хатт фæндаг зæйтæ æрцыды фæстиуæгæн æхгæд уыд 8 январы.

Ног хабӕртты лентӕ
0