Транскам байгом фæндагон змæлдӕн

© Владимир Иванов /  Ахизын медиабанкмæТранскам байгом фæндагон змæлдӕн
Транскам байгом фæндагон змæлдӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæндаг æхгæд уыд къуырисæры æмбисбонæй фæстæмæ зæйтæ æруадзыны тыххæй.

ЦХИНВАЛ, 11 янв — Sputnik. Транскавказы автомагистраль, кæцы иу кæны Хуссар æмæ Цæгат Ир, байгом автомобилон змæлдæн, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады пресс-службæйы.

Фæндаг уыд æхгæд къуырисæры æмбисбонæй фæстæмæ зæйтæ æруадзыны тыххæй.

"Фæндаг байгом æдас цыдæн, автомобилон змæлд сæндидзыдта 14 сахатæй", — банысан кодта УУМ-ы минæвар.

Транскам у иунæг фæндаг, кæцы иу кæны Хуссар æмæ Цæгат Ир. Зымæгон рæстæг трассæйыл арæх сæвзæры уæлвæткон уавæртæ æвзæр боныгъæды фæстиуæгæн. Фæстаг хатт фæндаг зæйтæ æрцыды фæстиуæгæн æхгæд уыд 8 январы.

Ног хабӕртты лентӕ
0