ЦХИНВАЛ, 12 янв — Sputnik. Уӕрӕсейы Нымайæн палатæ нæ рабæрæг кодта Хуссар Ирыстоны фæрæзты æнæнысанон хардз, фехъусын кодтой РИА Новости республикæйы хицауады аппараты.
"2015 азы 25 декабры Нымайæн палатæ сфидар кодта хыгъдлæвæрд, кæцы бацæттæ кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны финансон æххуысы фæрæзтæ хардз кæныны фæдыл. Хуссар Ирыстоны хæсты фæстæ сæндидзæны рæстæджы 2014-2015 ӕзты уæрæсейаг финансон æххуысы æнæнысанон хардз æмæ закъондæттынады æндæр гуымир фехалыны цаутæ республикæйы не ‘рцыдысты бæрæг", — загъта хицауады минæвар.