Хуссар Иры расидтысты хæрзаудæн акци уӕззау рынчын сабиты ӕххуысӕн

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры расидтысты хæрзаудæн акци уӕззау рынчын сабиты ӕххуысӕн
Хуссар Иры расидтысты хæрзаудæн акци уӕззау рынчын сабиты ӕххуысӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хæрзаудæн акци "Араз хорз хъуыддæгтæ!"-йы рæстæджы республикæйы цæрджытæн ныридæгæн фадат ис бакæнын æххуыс дыууæ рынчын сывæллонæн.

ЦХИНВАЛ, 12 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны расидт æрцыд хæрзаудæн акци уæззау рынчын сывæллæттæн схос кæнынæн фæрæзтæ æрæмбырды нысанæн. Уадзынц æй æнæкоммерцион организаци "Социологон анализы академи" (САА) æмæ "Мегафон — Хуссар Ирыстон".

"Акцийы фæлгæтты 2016 азы дæргъы мах кæндзыстæм æххуыс рынчын сывæллæттæн, кæцытæн хъæуы саразын æвæстиат операцитæ Уæрæсейы Федерацийы медицинон уагдæтты", — фехъусын кодта Sputnik САА-йы минæвар.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ивгъуыд аз "Социологон анализы академи"-мæ бахатыдысты дыууæ чысыл чызджы — Багаты Илона æмæ Гæбæраты Миланайы бинонтæ, кæцытæ æййафынц хъуагдзинад финансон æххуысы.

"Кæд æмæ сын æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон райрæзты министрад кæны æххуыс Уæрæсейы медицинон лæггæдтæ бафидынæн, уæддæр ацы сывæллæтты бинонты хъæуы серьезон материалон æххуыс сæ сывæллæтты хосгӕнӕн бынæттæм фæхæццæ кæныны æмæ уæлæмхас медицинон лæггæдтæ бафидыны тыххæй", — банысан кодта организацийы минæвар.

"Мегафон — Хуссар Ирыстон"-ы æххуысæй САА фыццаг хатт нæ уадзы республикæйы ахæм акци. 2014 æмæ 2015 азты æрæмбырд кодтой фæрæзтæ уæззау рынчын æхсæзаздзыд Гасситы Анастасияйæн баххуыс кæныны нысанæн.

"Социологон анализы академи" æрсидт республикæйы цæрджытæм, цæмæй райсой хайад ацы акцийы.

Цы хуызы ис баххуыс кæнын ацы сывæллæттæн, уый тыххæй бӕстон информаци базонæн ис Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон порталыл.

Sputnik Хуссар Ирыстон йæ хъус дардзæн акцийы цыдмæ æмæ сывæллæтты уавæрмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0