Цхинвалы йе ‘нусон бынатмӕ афӕндараст кодтой генпрокурор Цгъойты Мерабы

© Sputnik / Архивное фотоРХИ генпрокурор Цгъойты Мераб
РХИ генпрокурор Цгъойты Мераб - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цгъойты Мераб фӕмард ис фӕндагон-транспортон цауы фӕстиуӕгӕн сабаты. Генералон прокуроры йе ‘нусон бынатмӕ афӕндараст кӕнынмӕ ‘рбацыдысты республикӕйы президент Тыбылты Леонид, хицауады уӕнгтӕ, ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ.

ЦХИНВАЛ, 12 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны йе ‘нусон бынатмӕ афӕндараст кодтой генералон прокурор Цгъойты Мерабы. Зианджыны бинонтӕн тӕфӕрфӕс кӕнынмӕ ӕрбацыд сӕдӕгай адӕймӕгтӕ. Зианы бон ӕрхауд прокуратурӕйы кусджыты бонмӕ.

Хуссар Ирыстоны генералон прокурор Цгъойты Мераб фӕмард ФТЦ-ы

Зиан бавӕрыны мадзӕлттӕ сорганизаци кодта паддзахадон къамис хицауады сӕрдар Хъуылымбегты Доментийы сӕргълӕудӕй.

Фыдохы мадзалы слӕууын кодтой кады хъарагъул. Тӕфӕрфӕсы телтӕ ӕрӕрвыстой Цгъойты Мерабы коллегӕтӕ Цӕгат Ирыстонӕй, Абхазӕй ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийӕ.

Фыдохы митингы раныхас кодта Цгъойты Мерабы ӕмгар, Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид.

"Абон махӕй алкӕмӕн дӕр у уӕззау бон. Йе ‘нусон бынатмӕ фӕндараст кӕнӕм нӕ иузӕрдион ӕмгары ӕмӕ йӕ хъуыддаджы иттӕг хорз дӕсныйы. Йӕ амӕлӕтӕй ӕрдӕг сахаты размӕ дӕр ма мах иумӕ бадтыстӕм фынгыл, ӕмӕ мӕ хъуыдыйы дӕр нӕ уыд, уыцы бон ахӕм трагикъон ӕгъдауӕй кӕй фӕуыдзӕн. Мах 35 азӕй фылдӕр уыдыстӕм ӕввахс хӕлӕрттӕ", — загъта президент.

Генералон прокуроры амӕлӕты фӕдыл бакондӕуыд уголовон хъуыддаг. Sputnik Генпрокуратурӕйы куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй ныридӕгӕн уагъд цӕуынц оперативон-фӕдагурон мадзӕлттӕ Цгъойты Мерабы амӕлӕты хъуыддаг алыварсонӕй ӕмӕ объективонӕй раиртасыны фӕдыл.

"Слестгӕнӕн управлени уадзы медицинон ӕмӕ бирӕ ӕндӕр экспертизӕтӕ. Иутӕ дзы уагъд ӕрцӕудзысты республикӕйы территорийыл, аннӕтӕ та Цӕгат Ирыстоны", — загътой генпрокуратурӕйы.

Цгъойты Мераб райгуырд 1950 азы. Ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр рӕстӕджыты куыста юстицийы министрӕй, РХИ хицауады сӕрдарӕй, лӕвӕрд ын ӕрцыд республикӕйы сгуыхт юристы ном.

Ног хабӕртты лентӕ
0