ЦХИНВАЛ, 12 янв — Sputnik, Хъотайты Мария. Хæлцадон продукттимæ базарадон партитæ ныр æртыккæгæм бон лæууынц уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг арæныл "Дæллаг Зæрæмæджы" уадзæн пунктыл. Амалиуæггæнджытæ хъаст кæнынц, таможнæйы кусджытæ кæй нæ уадзынц уæргътæ, ома базайрæгтæн нæй æмбæлон документтæ. Ацы уавæрыл кусы хуссарирыстойнаг таможнæйон комитеты сæргълæууæг Цхуырбаты Мурæт.
Амалиуæггæнджытæ уæдмæ нымайынц, цы базайрæгтæ сын сæвзæр ис, уыдон зиан.
"Æвдæм бон нæ бон нæу таможнæйыл нæ базайраг раласын. Æхсыры продукцийы иу хай ныридæгæн сæвзæр. Таможнæйы кусджытæ дзурынц, ома амалиуæггæнджыты хъæуы саразын æмбæлон документаци уæрæсейаг базарадон-сæудæджерадон палатæйы. Мах баййæфтам бирæ зиæнттæ. Дуканиты афтид кæнынц тæрхӕжытæ, нæй нын фадат продукци æрбаласынӕн", — дзуры сæрмагонд амалиуæггæнæг Тедеты Вадим.
Хуссар Ирыстоны таможнæйон комитеты сæргълæууæг Цхуырбаты Мурæт ацы проблемæйыл æрдзырдта республикæйы президентимæ. Уый банысан кодта, ацы проблемæты иуварс кæй ис фадат ахизæн, кæд æмæ амалиуæггæнджытæм уа æмбæлон документтæ.
"Нæ амалиуæггæнджытæн алыхатт фадат нæ вæййы сæ уаргъæн æмбæлон æгъдауæй документтæ саразын. Раласгæ продукци деклораци цæуы куыд сæрмагонд хæрдзты базайраг. Ацы уавæры уыдон бавдисынц паспортон бæрæггæнæнтæ сæ бирæнымæц хиуæттæн, ома кæцытæн ласынц хæлцад æмæ хæдзарадон базайраг. Ома базайраг деклораци нæ цæуы куыд Хуссар Ирыстонмæ экспорт", — загъта Цхуырбаты Мурæт.
Йӕ ныхæстæм гæсгæ, базайраг хъуамæ æлхæд цæуа официалон дилертæй. Хъуамæ сын уа æмбæлон сертификаттæ. Амалиуæггæнджытæ базайрæгтæн æмбæлон сертификаттæ æмæ Уæрæсейæ базайрæгтæ экспорт кæныны тыххæй контракттæ аразын нымайынц зынаргъ æмæ проблематикон процедурæйыл.
"Уæрæсейæ базайраг ласгæйæ мах байдзаг кæнæм таможнæйон деклараци 300 базайрагæн, фидæм фиддонтæ æмæ раласæм хæлцад. Уыимæ иумæ дуканиты уæй цæуы 300 базарадон иуæджы. Æппæт уыдонæн документтæ саразын у стыр проблемæ. Материалон фарсæй дæр у зынаргъ процедурæ, кæцы бандавдзæн даканиты æргътыл", — загъта амалиуæггæнæг Санахъоты Галинæ.
Стыр уӕзтӕ ласыны фӕдыл сӕвзӕргӕ проблемӕ аскъуыддзаг кӕныны оххыл амалиуӕггӕнджытӕ аразынц чысыл хиндзинӕдтӕ.
"КамАЗты уӕзтӕ мах цалдӕр рог машинӕйыл раласӕм таможнӕйы сӕртыл ӕмӕ афтӕ хӕццӕ кӕнӕм хӕлцад республикӕмӕ. Иу суткӕ аразӕм 3-4 рейсы", — дзуры амалиуӕггӕнӕг Тедеты Вадим.
Уыимӕ иумӕ, республикӕйы цӕрджытӕ банкъардтой хӕлцады хъуагдзинад.
"Знон изӕры не ‘ссардтон рӕвдуӕттӕ. Нӕ районы ӕрзылдтӕн цалдӕр дуканийыл ӕмӕ дзы иуы дӕр нӕ разынд", — дзуры Дыгъуызты Эмма.
"Иууыл зындӕр у урсаджы продукттӕ ссарын. Ӕппӕт дуканиты дӕр ис ӕрмӕст сӕ ӕмгъуыд кӕмӕн ацыд, ахӕм къæдор ӕмӕ ӕхсыры сӕртӕ, науӕд та дзы бынтондӕр нӕй", — дзуры Танделаты Марина.
Таможнӕйы комитет арвыста официалон фыстӕг Цӕгат Ирыстоны таможнӕйы къухдариуӕгадмӕ товартӕ ласыны зындзинӕдтӕ аскъуыддзаг кӕнын тыххӕй. Ӕнгӕс проблемӕтӕ ма уыд 2013 ӕмӕ 2014 ӕзты.