Хуссар Ир фӕстаг хӕрзбон загъта Цгъойты Мерабӕн

Рафыссын
Цгъойты Мераб фӕмард ис фӕндагон-транспортон цауы фӕстиуӕгӕн сабаты.

Хуссар Ирыстоны йе ‘нусон бынатмӕ афӕндараст кодтой генералон прокурор Цгъойты Мерабы. Зианджыны бинонтӕн тӕфӕрфӕс кӕнынмӕ ӕрбацыд сӕдӕгай адӕймӕгтӕ.

Фыдохы митингы раныхас кодта Цгъойты Мерабы ӕмгар, Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид.

"Абон махӕй алкӕмӕн дӕр у уӕззау бон. Йе ‘нусон бынатмӕ фӕндараст кӕнӕм нӕ иузӕрдион ӕмгары ӕмӕ йӕ хъуыддаджы иттӕг хорз дӕсныйы. Йӕ амӕлӕтӕй ӕрдӕг сахаты размӕ дӕр ма мах иумӕ бадтыстӕм фынгыл, ӕмӕ мӕ хъуыдыйы дӕр нӕ уыд, уыцы бон ахӕм трагикъон ӕгъдауӕй кӕй фӕуыдзӕн. Мах 35 азӕй фылдӕр уыдыстӕм ӕввахс хӕлӕрттӕ", — загъта президент.

Генералон прокуроры амӕлӕты фӕдыл бакондӕуыд уголовон хъуыддаг.

Цгъойты Мераб райгуырд 1950 азы. Ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр рӕстӕджыты куыста юстицийы министрӕй, РХИ хицауады сӕрдарӕй, лӕвӕрд ын ӕрцыд республикӕйы сгуыхт юристы ном.

Ног хабӕртты лентӕ
0