00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Ирон эфир
08:00
3 Мин
Ирон эфир
08:30
3 Мин
Ирон эфир
09:00
3 Мин
Ирон эфир
09:30
3 Мин
Главные темы
12:00
3 Мин
12:16
12 Мин
Главные темы
12:30
3 Мин
On air
12:44
16 Мин
Главные темы
17:00
4 Мин
Главные темы
17:30
4 Мин
17:36
20 Мин
Утро на Спутнике
Удар по логистике: как атаки на склады Ozon и Wildberries влияют на малый бизнес и потребительский рынок в России
09:05
10 Мин
Утро на Спутнике
В Санкт-Петербурге стартовал Международный фестиваль "Этномода-Смыслы" 2026
09:16
16 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Плиты Иссӕйы бюст сӕвӕрдзысты Мӕскуыйы "Кады Залы"

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæИрон хъайтар Плиты Иссӕ
Ирон хъайтар Плиты Иссӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон хъайтартӕй Плиты Иссӕ уыдзӕн фыццаг адӕймаг, кӕцыйӕн сӕвӕрдзысты бюст Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Централон музейы "Кады Залы".

ЦХИНВАЛ, 13 янв — Sputnik. Мӕскуыйы Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты мемориалон комплексы "Кады Залы" ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн ирон хъӕбатыр, Советон цӕдисы дыууӕ хатты хъайтар, Монголы адӕмон республикӕйы хъайтар Плиты Иссӕйы цырт, хъусын кӕны газет "Слово".

Ирыстоны ӕфсӕддон элитӕйы иууыл ирддӕр минӕвар Плиты Иссӕйы бронзӕйон бюст ссардзӕн йӕ бынат Уӕрӕсе ӕмӕ Советон Цӕдисы хъайтарты ӕхсӕн "Кады Залы".

"Стыр Фыдыбӕстӕйон музейы мраморон фӕйнӕджытыл фыст ӕрцыдысты Советон Цӕдис ӕмӕ Уӕрӕсейы 12 мин хъайтары ном, уыдон ӕхсӕн ирӕттӕ дӕр. Хӕсты ирон хъайтартӕй Плиты Иссӕ уыдзӕн фыццаг адӕймаг, кӕцыйӕн сӕвӕрдзысты бюст "Кады Залы", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Нысаниуӕгджын бонмӕ уагъд ӕрцӕудзӕн майдан хъайтары хуызистимӕ "Фыдыбӕстӕйы хъайтар — Плиты Иссӕ Александры фырт".

Ног хабӕртты лентӕ
0