Хуссар федералон зылды æфсæддонтæ æрæвнæлдтой ахуыртæм "Дзарцъем"-ы

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæфсæддон службæгæнджытæ бакусдзысты æхсгæ хæцæнгарзæй æмæ нырыккон хæстон техникæйæ пайда кæныныл.
фсæддон службæгæнджытæ бакусдзысты æхсгæ хæцæнгарзæй æмæ нырыккон хæстон техникæйæ пайда кæныныл. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æфсæддон службæгæнджытæ бакусдзысты æхсгæ хæцæнгарзæй æмæ нырыккон хæстон техникæйæ пайда кæныныл. Ахуырты фæстиуджытæм гæсгæ алкæцы гвардион дæр райсдзæн индивидуалон нысан.

ЦХИНВАЛ, 13 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уæвæг уæрæсейаг æфсæддон базæйы службæгæнæнджытæй дыууæ минæй фылдæр æмæ æфсæддон техникæйы 500 иуæджы хайад исынц быдырон ахуырты, кæцытæ райдыдтой "Дзарцъем"-ы полигоны, хъусын кæны Хуссар федералон зылды (ХФЗ) пресс-службæ.

Æфсæддон службæгæнджытæ бакусдзысты æхсгæ хæцæнгарзæй æмæ нырыккон хæстон техникæйæ — танктæ Т-72БМ, хæстон машинæтæ БМП-2 æмæ БМП-3, артиллерион машинæтæ "Акация" æмæ "Гвоздика"-йæ пайда кæныныл.

Ахуыртæ уагъд цæуынц дæлхæйтты командирты хъусдарды бын.

"Быдырон рацыды рæстæджы уæлдай хъусдард здæхт цæудзæн алкæцы службæгæнæджы цæттæдзинадмæ — куыд сæрмагонд, афтæ экипажы сконды", — загътой зылды пресс-службæйы.

Ахуыртæ цæуынц куыд бонæй, афтæ æхсæвыгон дæр. Сӕ фæстиуджытæм гæсгæ алкæцы службæгæнæгæн дæр конд æрцæудзæн индивидуалон аргъ.

Ног хабӕртты лентӕ
0