ЦХИНВАЛ, 13 янв — Sputnik. Фæстаг суткæйы мидæг РЦИ-А медицинон уагдæттæм гриппы æмæ карз респираторон-вирусон инфекцийы нысæнттимæ бахатыдысты 329 адæймаджы, хъусын кæны республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад.
Цæгат Ирыстоны рынчыдæтты ныртæккæ се ‘нæниздзинадæн хос кæнынц 133 адæймаджы, уыдонæй дæс адæймаг сты реанимацион хайады. Дохтырты ныхæстæм гæсгæ, гриппæй фæрынчыны цаутæ тынг арæх не сты, уымæн та ахъаз фесты цæрджыты иммунизаци æмæ санитарон- рухсадон куыст.
"Рынчынты нымæц кæны къаддæр. Ис нæм уæззау рынчынтæ дæр, фæлæ уавæр ис нæ контролы бын. Республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад уадзы æрвылбонон мониторинг", — загъта министры хæдивæг Цидайты Татьянæ.
Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады фехъусын кодтой, алы стационары дæр кæй ис фаг антибактериалон æмæ вирусты ныхмæ хостæ.
Ведомствӕйы уавæр нымайынц стабилоныл, фæлæ уый æмрæстæджы сидынц, цæмæй хъахъхъæд цæуой арæнæвæрд мадзæлттæ.