ЦХИНВАЛ, 14 янв — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссарирыстойнаг амалиуæггæнджытæ хъуамæ æххæст кæной таможнæйон уагæвæрд, цæмæй сын ма уа проблемæтæ арæныл хизынимæ, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны уæвæг Федералон таможнæйон службæйы минæвар Олег Рева.
Амалиуæггæнджытæн цалдæр бон нæй фадат сæ базайрæгтæ Уæрæсейы арæныл раласын Хуссар Ирыстонмæ, республика æййафы хæлцады хъуагдзинад.
"Амалиуæггæнджытæ хъуамæ æххæст кæной таможнæйон уагæвæрд, кæной деклораци æмæ æрбавдисой æнæмæнгхъæуæг документтæ. Арæныл хизын ис закъоны хъусдарды бын, Уæрæсе та у Евразиаг экономикон цæдисы бæстæ-уæнг æмæ уагæвæрд алы территорийæн дæр у иумæйаг", — загъта Рева.
Цхинвалы дуканиты ис проблемæ базайрæгтæ хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг арæныл æрбаластимæ, фæлæ ныртӕккӕ уавæр фæхуыздæр. Sputnik хæлцадон дуканиты иуы куыд загътой, афтæмæй "æндæрæхсæв таможнæйы кусджытæ бацыдысты амалиуæггæнджыты уавæры æмæ рауагътой цалдæр машинæйы хæлцадимæ".
"Бантыст нын базайрагæн йе ‘рдæг этапгай раласын. Таможнæйы нын нырма лæууы дыууæ уæзласæн машинæйы хæлцадимæ. Бауагътой нын дзы дыууæ "ГАЗель"-ы цы бацыд, уый бæрц раласын", — дзуры амалиуæггæнæг Козаты Андрей.
Ног хæлцад цы дуканитæм æрбаластой, уым уайтагъд æрæмбырд сты фæлхасгæнджытæ, кæцытæ цырд æлхæнынц ног продукци.
Хуссар Ирыстоны таможнæйон комитеты сæргълæууæг Цхуырбаты Мурæт куыд фехъусын кодта Sputnik, афтæмæй уагъд цæуынц консультацитæ цæгатирыстойнаг таможнæйы къухдариуæгадимæ уавæр æрнывыл кæныны фæдыл.
"Ныфс нæ ис, æввахс рæстæджы нын хæлцад ласынимæ сæвзæргæ уавæр кæй банстысдзæн аскъуыддзаг кæнын", — загъта Цхуырбаты Мурæт.
Ныр уал дуканиты хицæуттæ сæхиуыл фæхæцыдысты хæлцад æлхæнынæй уæды онг, цалынмæ кæронмæ скъуыддзаг ма æрцæуа арæныл раласыны проблемæ.