Æдасдзинады совет: Абхаз æмæ Хуссар Ир сты Уӕрӕсейы æддагон политикæйы приоритеттæ

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæМæскуы
Мæскуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
УФ-йы Æдасдзинады советы секретары хæдивæг радта комментаритæ ранæуæггонд Националон æдасдзинады стратегийы фæдыл, кæцы раздæр сфидар кодта Уæрæсейы президент.

ЦХИНВАЛ, 14 янв — Sputnik. Мæскуыйы æддагон политикæйы сæйраг здæхтытæй иу у Хæдбар паддзахадты æмбалад (ХПÆ), Абхаз æмæ РХИ-мæ æмгуыстад фæфидар кæнын, дзырдæуы УФ Æдасдзинады советы секретары хæдивæг Рашид Нургалиевы комментарийы ранæуæггонд Националон æдасдзинады стратегийы фæдыл, кæцы раздæр сфидар кодта Уæрæсейы президент.

"Стратегийы ног редакцийы нысангонд æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы хæслæвæрдтæ Евразиаг экономикон цæдисимæ æмгуыстады къабазы. Банысан æрцыд, æддагон политикæйы сæйраг здæхтытæй иу кæй у ХПÆ бæстæ-хайадисджытæ, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонимæ ахастыты райрæзт", — дзырдæуы документы.

Нургалиев банысан кодта, Уæрæсе кæй адарддæр кæндзæн интеграцион процесстæ Евразиаг экономикон цæдисы бæстæтæ — хайадисджыты, Хæдбар паддзахæдты æмбалады бæстæты, Уæрæсе æмæ Белорусы æмцæдисон паддзахады тыгъдады.

Ног хабӕртты лентӕ
0