Ирон футболист Гӕбулты Владимиры фӕхуыдтой стамбулаг "Бешикташ"-ы скондмӕ

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæФутбол
Футбол - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон футболистӕн йӕ контракт фӕуд кӕны уӕрӕсейаг клуб "Динамо"-имӕ.

ЦХИНВАЛ, 14 янв — Sputnik. Мӕскуыйаг клуб "Динамо"-йы къулдуаргӕс Гæбулты Владимир гӕнӕн ис ӕмӕ тагъд рӕстӕджы хъазын райдайа стамбулаг клуб "Бешикташ"-ы, хъусын кӕны ӔПТРК.

Гæбулты Владимир йӕ бынат фӕивдзӕн зымӕгон трансферон рӕстӕджы.

"Гæбулты Владимирӕн сӕрды фӕуд кӕны йӕ контракт футболон клуб "Динамо"-имӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Ирон футболистыл цӕуы 32 азы. "Динамо"-йы сконды Гӕбулты Владимир ацы сезоны ахъазыд 20 матчы. Клуб бӕстӕйы турнирон таблицӕйы ис иуӕндӕсӕм бынаты.

Ног хабӕртты лентӕ
0