Цӕгат Ирыстоны парламент ӕркӕсдзӕн "Цкъайы фырты хъуыддагмӕ"

© Sputnik / сайт мэрии ВладикавказаЦӕгат Ирыстон
Цӕгат Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Цкъайы фырты хъуыддаджы" фӕдыл слестгӕнӕн куыстытӕ размæ нæ цæуынц, загъта цæгатирыстойнаг парламенты вице-спикер Хъесаты Станислав.

ЦХИНВАЛ, 14 янв — Sputnik. Цæгатирыстойнаг парламенты вице-спикер Хъесаты Станислав бахаста æнхъарæн радон сессийы байхъусын прокуроры æмæ фæдагурæн комитеты минæвæртты информацимæ "Цкъайы фырты хъуыддаджы" фæдыл, хъусын кæны 15 регион.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый фыццаг хатт нæ рахызт ахæм инициативæимæ, фæлæ фæдагурæн мадзæлттæ кæронмæ æххæст кæй не ‘рцыдысты, уый аххосæй прокуратурæйæн бар нæ уыд информаци раргом кæнын.

"Ныр официалон æмгъуыды рæстæг фæци, æмæ æз домдзæн, цæмæй æрбахонæм прокурор æмæ фæдагурæн комитеты минæвæртты æмæ райсæм хыгъдлæвæрд. Мæнмæ фæкæсы, ома цавæрдæр уавæртæм гæсгæ хъуыддаджы равзæрст размæ нæ цæуы", — загъта Хъесаты Станислав.

Фæдагуырды версимæ гæсгæ, 2015 азы 31 октябры 15 сахат æмæ 30 минутыл Дзæуджыхъæуы полицийы хайадмæ бакодтой 39-аздзыд бынæттон цæрæджы, цыран йемæ куыстой фæдагурæн хайады оперативон кусджытæ. 1 ноябры æхсæвы нæлгоймаг уадзыгæй бахаудта Дзæуджыхъæуы республикон клиникон рынчындонмæ реанимацион хайадмæ, цыран амард.

РЦИ-Аланийы Фæдагурæн комитеты фæдагурæн управлени бакодта уголовон хъуыддаг Мидхъуыддæгты министрады ӕмкусджыты ныхмæ. Уыдонмæ зæрдæ æхсайы сæ барты сæрты ахизыны хъуыддагмæ.

Оперативон басгæрсты фӕстиуӕгӕн рæстæгмæ сæ куыстæй иуварс æрцыдысты уголовон агуырды æртæ кусæджы æмæ Дзæуджыхъæуы мидхъуыддæгты министрады управленийы оперативон куысты фæдыл сæргълæууæджы хæдивæг.

Æгъуызарты Тамерлан райста йæ сæрмагонд контролмæ Цкъаты Владимиры амæлæты хъуыддаг. Республикæйы сæргълæууæг фидарæй загъта, аххосджынтæ кæй баййафдзысты æфхæрд.

Ног хабӕртты лентӕ
0