Арæзтадон организацийы хистæр фехъусын кодта, кæй дзы домдтой æртæ милуан сомы

© Sputnik / Ада БагианЗдание МВД РЮО
Здание МВД РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад уадзы слестгæнæн куыстытæ, нардуатон организацийы хистæрæй æхцатæ фæлгъауыны факты фæдыл.

ЦХИНВАЛ, 15 янв — Sputnik, Хъотайты Мария. Арæзтадон фирмæ "Пром-Монтаж"-ы генералон директор Джаджиты Вильямæй Къуайсайы æбæрæг гоймæгтæ æрдомдтой стыр суммæ æхца, фехъусын кодтой Sputnik уацхæссæгæн Мидхъуыддæгты министрады.

Ацы фыдракæнды фæдыл æрцахстой Къуайсайы цæрæджы.

"Йæ куырдиаты милицимæ Джаджийы фырт ныффыста, кæй йæ фæнадтой 12 январы изæрæй æбæрæг гоймæгтæ æмæ дзы домдтой æртæ милуан сомы. Фыдгæнджытæ, Джаджийы фырты ныхæстæм гæсгæ, уыдысты Къуайсайы цæрджытæ", — банысан кодтой Мидхъуыддæгты министрады.

Ацы факты фæдыл байгом æрцыд уголовон хъуыддаг, цæуынц слестгæнæн мадзæлттæ.

Джаджиты Вильям куыста Къуайсайы ног рынчындоны арæзтадыл, кæцы эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд 2015 азы 20 декабры. Рынчындон бакæныны церемонийы хайад райстой республикæйы президент, æнæниздзинад хъахъхъæныны министр æмæ Къуайсайы бынæттон хицауад.

Ног хабӕртты лентӕ
0