Цхинвалы ис дӕсгай цыртытӕ ахуыргӕндтӕ, фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджытӕ, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтартӕн. Цӕрджытӕ сыл ӕрцахуыр сты ӕмӕ цыртытӕ цӕсты нал хауынц. Сӕ цуры снысан кӕнынц фембӕлдтӕ. Бӕрӕгбӕтты ӕмӕ мысӕн бонты сӕм цӕуынц дидинтимӕ ӕмӕ дзы уадзынц мадзӕлттӕ.
Цы уынынц сӕхӕдӕг цыртытӕ та? Sputnik йӕ цӕст ахаста, культурӕйы архайджытӕ, ахуыргӕндтӕ, фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджытӕ, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтарты бронзӕ ӕмӕ дурӕй конд цыртыты ӕнгӕс кӕцырдӕм зылд у, уырдӕм.

1/20
© Sputnik / Ада Багиан
Зындгонд Хъынцъымгӕнӕг зӕды цырт Сӕрибардзинады фӕзуаты ӕвӕрд ӕрцыд республикӕйы зынгхуыст хъайтартӕн.

2/20
© Sputnik / Михаил Хасиев
Бӕрзонд ӕвӕрд цырт кӕсы хӕдзӕртты сӕрты дардмӕ. Хуссар Ирыстоны историйы алкӕцы нысаниуӕгджын датӕйы дӕр ацы цыртмӕ сӕвӕрынц дидинтӕ.

3/20
© Sputnik / Ада Багиан
Советон цӕдисы цалдӕр ирон хъайтары бюстытӕ ӕвӕрд ӕрцыдысты Кады Аллейы ӕнусон арты цур.

4/20
© Sputnik / Ада Багиан
Ӕвӕрд ӕрцыдысты дыууӕ рӕнхъӕй, афтӕ рауад ӕмӕ кӕсынц кӕрӕдзимӕ.

5/20
© Sputnik / Ада Багиан
2008 азы цауты хъайтары цырт ӕвӕрд ӕрцыд Шанхаймӕ хӕстӕг, уӕрӕсейаг ӕфсӕддон Денис Ветчинов кӕм бабын, уыцы бынаты.

6/20
© Sputnik / Ада Багиан
Ӕрвылбон дӕр цырт кӕсы йӕ алфамблай, цыран Ветчиновы тыхст рӕстӕджы бахъуыд, йе ‘мгӕртты ӕмӕ журналистты ирвӕзынгӕнгӕйӕ, йӕ цард раттын.

7/20
© Sputnik / Ада Багиан
Цхинвалы центры ис цырт Абайты Уасойӕн.

8/20
© Sputnik / Ада Багиан
Номдзыд ахуыргонды раз ис Театралон фӕзуат ӕмӕ бандӕттӕ, цыран хъарм боныгъӕдты сӕ фӕллад уадзынц цӕрджытӕ.

9/20
© Sputnik / Ада Багиан
Интернационалон ӕфсӕддонӕн цырт ӕвӕрд ӕрцыд иу азы размӕ.

10/20
© Sputnik / Ада Багиан
Монумент кӕронмӕ нырма не‘сцӕттӕ. Йӕ алфамбылай хӕрзарӕзт куы ӕрцӕуа, уӕд афгайнаг ӕфсӕддоны раз фӕрӕсугъддӕр уыдзӕн.

11/20
© Sputnik / Ада Багиан
Цхинвалы иууыл зындгонддӕр цырт – Хетӕгкаты Къостайӕн.

12/20
© Sputnik / Михаил Хасиев
Йӕ разы - Къостайы сквер. Сӕрдӕй нырмӕ та 12 метры бӕрзӕндӕй Къоста фӕлгӕсы йӕ иууыл зындгонддӕр фӕлгонц Фатимӕмӕ.

13/20
© Sputnik / Ада Багиан
Ноджы ма иу классик, ныр та уӕрӕсейаг литературӕйы зынгӕ фыссӕг Александр Пушкинӕн Цхинвалы ӕвӕрд ӕрцыд бюст.

14/20
© Sputnik / Ада Багиан
Гениалон уырыссаг поэт ӕрвылбон дӕр кӕсы Сталин ӕмӕ Пушкины уынгтыл фӕндагон змӕлдмӕ.

15/20
© Sputnik / Ада Багиан
Хицауады хӕдзары раз ис Нарты Батрадзы скульптурӕ.

16/20
© Sputnik / Ада Багиан
Нарты кадджыты хъайтармӕ зыны хицауады хӕдзармӕ бацӕуӕн, цыран ӕмбӕлынц бӕрнон уазджытыл.

17/20
© Sputnik / Ада Багиан
Революционер Санахъоты Владимиры цырт лӕууы Парламенты раз.

18/20
© Sputnik / Ада Багиан
Зынгӕ революционер фӕлгӕсы Тугъанты Махарбеджы уынгмӕ.

19/20
© Sputnik / Ада Багиан
Цыртытӕй дарддӕр ма Цхинвалы ис сывӕллӕттӕн скульптурӕтӕ дӕр. Популярон аргъӕутты фӕлгонцты цур уарзынц сабитӕ нывтӕ исын.

20/20
© Sputnik / Ада Багиан
Маша ӕмӕ Миша сӕхӕдӕг та кӕсынц чысыл гномикмӕ.