Хуыцауы раргомдзинады боны Леуахийы дзуарӕфтыд райсдзысты 100 адӕймаджы онг

© Sputnik / Козаты ДжульеттаХуыцауы сыгъдӕг раргомдзинады бӕрӕгбон
Хуыцауы сыгъдӕг раргомдзинады бӕрӕгбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
19 январы чырыстон дуне нысан кӕны Хуыцауы сыгъдӕг раргомдзинады бӕрӕгбон. Ирон адӕм ма йӕ хонынц Доныскъӕфӕн дӕр. Ацы бон ӕппӕт дӕттӕ дӕр сты сыгъдӕг ӕмӕ сын ис стыр ӕндӕвдад адӕймаджы ӕнӕниздзинад ӕмӕ монон сыгъдӕгдзинадыл.

Цхинвал, 18 янв — Sputnik. Алайнаг епархийы динамонджытӕ Хуыцауы сыгъдӕг раргомдзинады бӕрӕгбоны дзуар бафтаудзысты сӕдӕйы онг адӕймагыл, фехъусын кодта Sputnik епархийы сӕргълӕууӕг Иаков (Хетӕгкаты).

19 январы Хуссар Ир, куыд ӕппӕт чырыстон дуне, нысан кӕны Хуыцауы сыгъдӕг раргомдзинады бӕрӕгбон. Ирон адӕм ма йӕ хонынц Доныскъӕфӕн дӕр. Ацы бон ӕппӕт дӕттӕ дӕр вӕййынц сыгъдӕг.

Бӕрӕгбоны цытӕн литургитӕ Цхинвалы сӕйраг аргъуаны райдайдзысты къуырисӕры изӕрӕй ӕмӕ адарддӕр уыдзысты дыццӕджы райсом. Уый фӕстӕ рӕстдинотӕ сараздзысты дзуарцыд Леуахийы цӕугӕдонмӕ, цыран райсдзысты сыгъдӕг дзуарӕфтыд.

"Цхинвалы традицийау ссис ацы бон дзуарӕфтыд райсын. Ивгъуыд ӕзты-иу 200 адӕймаджы дӕр райстой дзуарӕфытд Леуахийы, фӕлӕ куыдфӕстагмӕ сӕ нымӕц къаддӕр кӕны, уымӕн ӕмӕ цӕрджытӕн сӕ фылдӕр райстой чырыстон уырнынад ӕмӕ дзуарӕфтыд. Дзуарӕфтыд раздӕр чи райста, уыдон та сӕхи ныннайынц сыгъдӕг цӕугӕдоны", — радзырдта фыд Иаков.

Афтӕ ма цӕрджытӕ Леуахийӕ сисынц сыгъдӕг дон ӕмӕ дзы фӕпайда кӕнынц ӕнӕхъӕн азы дӕргъы.

Динамонӕг куыд банысан кодта, афтӕмӕй къуырисӕры изӕрӕй, литургийы фӕстӕ, уагъд ӕрцӕудзӕн дон сыгъдӕг кӕны фыццаг чин. Ацӕудзысты ма Хуыцаумӕ скуывдтӕ, цӕмӕй дзул, хор, мӕнӕу ӕмӕ царвы бӕркад ӕмӕ фарн ма сӕфой, уый тыххӕй.

Фыд Иаков ма радзырдта, мӕнгуырнынадмӕ гӕсгӕ ацы бонты фӕсивӕд хаттӕй —хатт дӕсны дӕр кӕй фӕфӕрсын, ӕмӕ "уый та у стыр рӕдыд Хуыцауы раз".

Ног хабӕртты лентӕ
0