Армспортӕй Цӕгат Иры фыццагадӕй цхинвайлӕгтӕ ӕрхастой фондз майданы

© Sputnik / Владимир Федоренко /  Ахизын медиабанкмæАрмспортӕй Цӕгат Иры фыццагадӕй цхинвайлӕгтӕ ӕрхастой фондз майданы
Армспортӕй Цӕгат Иры фыццагадӕй цхинвайлӕгтӕ ӕрхастой фондз майданы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
60 килограммы уӕзы аккаг ныхмӕллӕуӕг нӕ разынд Хӕбӕлаты Арсенӕн, афтӕ ма хуссарирыстойнаг спортсменты къухты бафтыд ӕртӕ ӕвзист ӕмӕ иу бронзӕ майданы.

ЦХИНВАЛ, 20 янв — Sputnik. Цӕгат Ирыстон-Аланийы фыццагады армспортӕй ӕнтыстджынӕй хайад райстой цхинвайлаг ӕрыгон спортсментӕ ӕмӕ дзы рамбылдтой фондз майданы, фехъусын кодтой Sputnik фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕйы.

Ерыстӕ уагъд цыдысты горӕт Алагиры, куыд Уӕрӕсейы фыццагадмӕ ӕвзарӕн этап. Иууыл ӕнтыстджындӕр спортсментӕй фидар ӕрцӕудзӕн Цӕгат Ирыстоны командӕ, кӕцы архайдзӕн Уӕрӕсейы фыццагады февралы.

"Финалы 60 килограммы уӕзы категорийы фыццаг бынатыл тох кодтой нӕ дыууӕ спортсмены Хӕбӕлаты Арсен ӕмӕ Кӕсӕбиты Владислав. Сӕ ныхмӕлӕуды ӕнтыстджындӕр разынд Арсен, уый хыгъ ссис уӕлахиздзау, Владислав та ацыд дыккаг бынатыл. 65 килограммы уӕзы та дыккаг бынат бацахста Кӕсӕбиты Сӕрмӕт", — радзырдта уагдоны пресс-секретарь Хуриты Батрадз.

Ноджы ма иу спортсмен Хӕбӕлаты Эдуард та ӕрӕздӕхтис бронзӕ майданимӕ.

Афтӕ ма ерысты хайад истой чызджытӕ дӕр. Иууыл стырдӕр уӕзы категорийы цхинвайлаг спортсменкӕ Дыгъуызты Милена бацис ӕвзист майданы хицау.

Спортсменты ерыстӕм бацӕттӕ кодтой тренертӕ Бететы Алан, Коцты Дмитрий, Гасситы Сослан ӕмӕ Джиоты Валерий.

Ног хабӕртты лентӕ
0