Алайнаг епархийы сӕргълӕууӕг фыд Иаков ауагъта дон сыгъдӕг кӕныны мадзал, уый фӕстӕ райдыдта дзуарӕфтыд. Динамонӕг лӕууыд йӕ астӕуы онг цӕугӕдоны ӕмӕ афтӕмӕй уагъта дзуарӕфтыд. Донбылмӕ ӕрӕмбырд бирӕ адӕм.
Леуахийы былгӕрӕтты ӕмӕ дзуарӕфтыд цыран цыд, уыцы бынӕтты ӕдасдзинад хъахъхъӕдтой Уӕлвӕткон уавӕрты министрады кусджытӕ. Фыццаг саргъуыдтой чысыл сабитыл, стӕй та хистӕр кары адӕмыл.
Дзуарӕфтыды церемони цыд ӕртӕ сахатмӕ ӕввахс.

1/12
© Sputnik / Ада Багиан
Хуыцауы раргомдзинады бӕрӕгбон райдыдта Хуыцаумӕ скуывдӕй.

2/12
© Sputnik / Ада Багиан
Цхинвалы Фырсыгъдӕг Мадымайрӕмы аргъуанмӕ ӕрбацыд сӕдӕгай адӕймӕгтӕ.

3/12
© Sputnik / Ада Багиан
Иутӕ сыгътой цырӕгътӕ, аннӕтӕ сӕхи цӕттӕ кодтой дзыуарӕфтыд райсынмӕ.

4/12
© Sputnik / Ада Багиан
Аргъуанӕй динамонджытӕ ӕмӕ адӕм араст сты Леуахимӕ.

5/12
© Sputnik / Ада Багиан
Ныр бирӕ ӕзты дӕргъы дзыуарӕфтыд райсын кӕй фӕнды, уыдон ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Хуыцауы сыгъдӕг раргомдзинады бӕрӕгбонмӕ.

6/12
© Sputnik / Ада Багиан
Зымӕгон боны скодта ӕнӕнхъӕлӕджы хъарм боныгъӕд.

7/12
© Sputnik / Ада Багиан
Дзуарӕфтыд райстой фыццаг рады сабитӕ.

8/12
© Sputnik / Ада Багиан
Дзуарӕфтыд райсыны фӕнд чи скодта, уыдон ӕдасдзинад хъахъхъӕдтой уӕлвӕткон уавӕрты министрады кусджытӕ.

9/12
© Sputnik / Ада Багиан
Фӕлӕ ӕппӕт дӕр ацыд ӕнӕ ӕвирхъау хабӕрттӕй.

10/12
© Sputnik / Ада Багиан
Дзуарӕфтыд чи иста, уыцы сабитӕй кӕцыдӕртыл иу афӕдз дӕр нӕма цыд.

11/12
© Sputnik / Ада Багиан
Фыд Иаковы ныхӕстӕм гӕсгӕ, дзыуарӕфтыдисджыты нымӕц къаддӕр кӕны азӕй-азмӕ, уымӕн ӕмӕ цӕрджытӕн сӕ фылдӕр сты аргъуыд.

12/12
© Sputnik / Ада Багиан
Дзуарӕфтыды хайад райстой сӕдӕ адӕймаджы онг.