Уӕрӕсейы 27 адӕймаджы амардысты гриппӕй

© Sputnik / Руслан Кривобок /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейы 27 адӕймаджы амардысты гриппӕй
Уӕрӕсейы 27 адӕймаджы амардысты гриппӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министрады информацимӕ гӕсгӕ, адӕймӕгтыл афтӕ хуыйнӕг "хуыйы гриппы" бахӕцыны цаутӕ нысан ӕрцыдысты УФ цалдӕр регионты.

ЦХИНВАЛ, 20 янв — Sputnik. Уӕрӕсейы 2016 азы 27 адӕймаджы амардысты гриппӕй, хъусын кӕны РИА Новости УФ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министры хӕдивӕг Татьяна Яковлевайы ныхӕстӕ.

Ивгъуыд азы кӕронӕй Уӕрӕсейы алы ӕмӕ алы районты нысан ӕрцыдысты дӕсгай адӕймӕгтыл афтӕ хуыйнӕг "хуыйы гриппы" бахӕцыны цаутӕ, цалдӕр адӕймаджы та дзы акодтой мӕлгӕ.

"Фӕмардуӕвджытӕй (18-ӕм январы онг — 27 адӕймаджы) иуӕн дӕр арӕзт нӕ уыд прививкӕ", — фехъусын кодта Яковлева.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, гриппы эпидеми райдыдта 2016 азы, иууыл фылдӕр адӕм ацы низӕй фӕрынчын сты Санкт-Петербург, Оренбург, Ростов-на-Дону ӕмӕ Волгограды. Фӕрынчынуӕвӕг адӕмы нымӕц бонӕй бонмӕ кӕны фылдӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0