Григорий Кулиджанов: Хуссар Ирыстоны нӕй "хуыйы грипп"

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейы гриппӕй фӕрынчынуӕвӕг адӕмы нымӕц бонӕй бонмӕ кӕны фылдӕр.
Уӕрӕсейы гриппӕй фӕрынчынуӕвӕг адӕмы нымӕц бонӕй бонмӕ кӕны фылдӕр. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы гриппӕй фӕрынчынуӕвӕг адӕмы нымӕц бонӕй бонмӕ кӕны фылдӕр. Эпидемиологон уавӕры аххосаг у "хуыйы гриппы" вирус. Хуссар Иры нырма ацы низӕй ничи фӕрынчын.

ЦХИНВАЛ, 20 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны нысан не ‘рцыд цӕрджытыл афтӕ хуыйнӕг "хуыйы гриппы" бахӕцыны цаутӕ, фехъусын кодта ӕртыццӕджы Sputnik ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министр Григорий Кулиджанов.

УФ цалдӕр регионы ис "хуыйы гриппы" эпидеми, абоны онг уый ахаста 27 адӕймаджы цард.

"Хуссар Ирыстоны ацы низ никӕуыл бахӕцыд. Кӕд инфекци ӕрбахӕццӕ уа республикӕмӕ, уӕд нӕ медицинон уагдӕттӕ иууылдӕр ифтонг сты ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг хостӕй", — загъта министр.

Кулиджанов ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта, зӕгъгӕ, цӕрджыты хуымӕтӕг гриппӕй фӕрынчыны статистикӕ дӕр нӕ хизы ӕмбӕлон нормӕтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0