Цæвиттойнаг адæм интернет æмæ ӕнӕфсӕрмдзинады дуджы

© Sputnik / Ада БагианАнахарсисы номыл республикон библиотекæ
Анахарсисы номыл республикон библиотекæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кæддæр Хуссар Ирыстон нымад цыд иууыл кæсæгдæр бæстæйы хайыл. Советон цӕдис цалынмæ нæ ныппырх, уæдмæ хуссарирыстойнаг библиотекæты кæсæн залты сæрибар бынæттæ ссарæн нæ уыд. Абон чиныгкæсджыты нымæц у бæрæг къаддæр.

ЦХИНВАЛ, 20 янв — Sputnik, Тадтаты Андрей. Анахарсисы номыл республикон библиотекæ у Хуссар Ирыстоны иууыл егъаудæр, ӕдзух йæ къæсæрæй бахизы 1, 6 мин адæймаджы. Къаннӕг горæтæн ацы нымæц чысыл нæу, фæлæ 25 азы размæ библиотекæйы кæсæндоны бынæттæ ссарæн дæр нæ уыд.

Чингуытæ Хуссар Ирыстоны кæсын райдыдтой къаддæр нымæц адæм. Кæддæр Хуссар Ирыстон нымад цыд иууыл кæсæгдæр бæстæйы хайыл, фæлæ Советон цæдис куы ныппырх, уæд йæ тыгъдадыл цæхгæр къаддæр кæнын райдыдтой библиотекæмæ цæуджыты нымæц. Классикæйы бынат бацахста газет "Speed-инфо" æмæ æндæртæ, кæсæн залтӕ райдыдтой афтид кæнын, ардæм ма цыдысты æрмæстдæр интеллигенцийы фæлтæрдджын минæвæрттæ.

"Советон Цæдисы ныппырхы онг кæсæн залты арæх бынæттæ ссарæн нæ уыд, абоны бон та сæ чиныгкæсджыты нымæц цæхгæр фæкъаддæр. Уыцы хъуыддагмæ йæ хайбавæрд бахаста хæст дæр, адæмæн февзæрдæр сты сæ царды уавæртæ, уый аххосæй сæ культурон райрæзтæн нал хай кодтой æмбæлон хъусдард", — дзуры библиотекæйы директор Кокойты Валерия.

© Sputnik / Ада БагианАнахарсисы номыл республикон библиотекæ
Республиканская библиотека им. Анахарсиса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Анахарсисы номыл республикон библиотекæ

Библиотекæ æрбынат кодта æртæуæладзыгон бæстыхайы горæты астæу. Ис дзы уырыссаг, ирон æмæ ма гуырдзиаг фонд дæр, æдæппæтæй 12 абонементы. Чингуыты фонд — 300 мин экземпляры.

"Фыццаджыдæр нæм цæуынц студенттæ, скъоладзаутæ, хистæр кары адæм. Кæсджытæ зæрдиагæй агурынц аивадон литературæ — уый фæрсынц алы категорийы кæсджытæ дæр. Стыр бузныг зæгъын хъæуы ахуыргæнджытæн, кæцытæ дæттынц сæ студенттæ æмæ ахуыргæнинæгтæн ахæм хæслæвæрдтæ, æмæ сæ сæххæст кæныны тыххæй бацæуын хъæуы библиотекæмæ", — дзуры библиотекæйы директор.

Чингуыты фонд сæйраджыдæр æххæст цæуы уæрæсейаг регионты гуманитарон æххуысы руаджы, паддзахадон æмæ æхсæнадон уагдæтты фæрцы. Чингуыты фылдæр хай æрæрвыстой 2008 азы хæсты фæстæ.

"Иууыл зынаргъдæр лæвар нын бакодта Цæгат Ирыстоны раздæры сæргълæууæг Дзассохты Александр, уый нын радта сæдæйæ фылдæр зынаргъ чингуытæ — классикты уацмысты æмбырдгæндтæ. Раздæр нын хицæн кодтой чысыл суммæтæ нæ фондтæ баххæст кæныны тыххæй. Фæлæ ныр уыцы хæс йæхимæ райста культурæйы министрады методист. Чингуытæ ма нын æрбарвиты бынæттон рауагъдад дæр", — дзуры Кокойты Валерия.

© Sputnik / Ада БагианАнахарсисы номыл республикон библиотекæ
Республиканская библиотека им. Анахарсиса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Анахарсисы номыл республикон библиотекæ

Библиотекæйы персонал нæ дызæрдыг кæны, чиныгкæсджыты нымæц кæй уаид фылдæр, нырыккон популярон литературæ сæм куы æфтид, уæд, науæд та дзы куы уаид интернеты бастдзинад — йæ хъæздыг фондтæй цæттæ у фæхай кæнын Уæрæсейаг паддзахадон библиотекæ, кæцыимæ сын ис æмгуыскæнынады фæдыл бадзырд.

"Нæхицæн нæй фæрæзтæ интернет-бастдзинады лæггæдтæ фидынæн, культурæйы министрады та дзурынц, уый тыххæй кæй нæй æхца", — дарддæр кæны йæ ныхас библиотекæйы директор.

Кæддæр ам уыд хъæзныг "сыгъзæрин фонд", цыран æмбырд уыдысты стæм чингуытæ, кæцытæ мыхуыры рацыдысты XVIII-XIX æнусты.

"Сæ иу хай давд æрцыд 1991 азы, Цхинвалмæ гуырдзиаг милици æмæ хотыхджын дæлхæйттæ куы æрбабырстой, уыцы рӕстӕджы. Уæд фесæфт 1812 азы уагъд Библи. Дæсгай зынаргъ чингуытæ фесæфт 2010 азы — капиталон цалцæджы рæстæджы сæ адавтой аразджытæ. Аххосджынты абоны онг дæр не ‘ссардтой", — загъта Валерия.

Ныр уыцы хъæзныг фондæй бирæ нал баззад, иууыл зынаргъдæр экземпляр у 1885 азы уагъд Евангелие.

© Sputnik / Ада БагианБиблиотекæйы иууыл зынаргъдæр экземпляр у 1885 азы уагъд Евангелие
Республиканская библиотека им. Анахарсиса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Библиотекæйы иууыл зынаргъдæр экземпляр у 1885 азы уагъд Евангелие

Бæстыхайы у райдзаст æмæ сыгъдæг. Чингуытыл рыгы мур дæр нæй — алкæцы дæр сæ ис библиотекæйы кусджыты аудгӕ къухты.

"Нымад цæуы, ома библиотекæйы кусын æнцон у. Уый бынтондæр афтæ нæу. Цæмæй алцыдæр уагыл æвæрд уа, уый тыххæй кусын хъæуы æвæллайгæйæ. Нæ куыстмыздтæ та ницæйаг сты. Хистæр библиотекары мызд у 7,5 мин сомы. Хуымæтæг кусæг исы ноджы къаддæр — æхсæз мин сомы", — дзуры Валерия.

Уый фидарæй уырны, библиотекæмæ кусынмæ кæй цæуынц ахæм адæм, кæцытæн мызды бæрц сæйраг нæу. Сæйраг та сын сты чингуытæ æмæ чиныгкæсджытæ æмæ аразынц æпппæтдæр, цæмæй фыццæгтæ арæхдæр æмбæлой дыккæгтыл. Чи зоны æмæ уый тыххæй дæр чысыл Цхинвалы библиотекæмæ регулярон æгъдауæй цæуы иу 1,6 мин адæймагæй фылдæр, интернет æмæ культурон æрхауды дугмæ æнæкæсгæйæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0