Депутаттӕ æрдомдтой "Остелеком"-æй тарифтæ фæкъаддæр кæнын

© RIA Novosti . Виталий Белоусов"Мегафон"
Мегафон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутаттæ æрбахуыдтой мобилон монополисты гендиректор Олег Савчукы æмæ йæм радтой фарстытæ интернет æмæ бастдзинады гъæды тыххæй.

ЦХИНВАЛ, 21 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент æрдомдта республикæйы иунæг мобилон операторæй, цæмæй фæкъаддæр кæна йæ тарифтæ æмæ фæхуыздæр кæна лæггæдты гъæд. Уыцы домæнæн бындур æрӕвæрдтой цæрджыты бирæнымæц хъæстытæ "Остелеком"-ы кусты тыххæй, фехъусын кодтой парламенты пресс-службæйы.

Депутаттæ фембæлдысты компанийы гендиректор Олег Савчукы æмæ йæм радтой фарстытæ интернет æмæ бастдзинады гъæды, афтæ ма модемы æргъты тыххæй.

"Депутаттæ æнæхъусдард нæ ныууагътой республикæйы цæрджыты æмæ уазджыты бирæнымæц хъæстытæ, кæцытæ разы не сты лæггæдты гъæдæй", — загъта парламенты спикер Бибылты Анатолий.

Депутаттæ равдыстой се ‘нӕразыдзинад, "Остелеком" цалдæр азы размæ кæй рахызт префикс "928"-йæ, кæцыйæ Мегафон пайда кæны Цæгат Кавказы. "929" та æппæрццагæй бандæвта бастдзинады гъæдыл, лæггæдты аргъ та, уæлдайдæр роумингы, дзæвгар фæфылдæр.

"Префикс "929"-мæ рахызтæй райдыдтой проблемæтæ, фæзынаргъдæр ис бастдзинады лæггæдты аргъ. Абон бастдзинады æмæ интернеты тарифтæ махмæ сты уæлдæр Уæрæсеимæ абаргæйæ", — загътой депутаттæ.

Парламенты спикер ма банысан кодта, кæй нæу æмбæрстгонд компанийы куысты аспект, зæгъгæ, кæд æмæ базæйон станцты нымæц фæфылдæр дæс хатты, уæддæр бастдзинад æмæ интернеты гъæд нæ фæхуыздæр.

"Остелеком"-ы генералон директор фехъусын кодта, ног кодмæ рахызт баст кæй уыд республикæйæн йæхи операторы сырæзтимæ. Уый æмрæстæджы Савчук банысан кодта, раздæры кодимæ лæггæдты аргъ кæй уыдаид асламдæр.

Олег Савчукы ныхæстæм гæсгæ, ныридæгæн компанийæн ис 53 мин абоненты, иу sim-картæ компанийæн æрвылмæй хæссы 570 сомы. Уый нымæцы роуминг æмæ интернет-трафикы хæрдзтæ.

Савчук ма загъта, "928"-мæ раздæхт уымæй аразгæ кæй нæу.

Фембæлды кæрон Бибылты Анатолий банысан кодта, депутаттæ кæй æнхъæлмæ кæсдзысты уавæры аивдмæ хуыздæрырдæм. Парламент ма дарддæр дæр йæ хъус кæй дардзæн, цæмæй монополисты абоненттæн лæвæрд цæуой бастдзинады гъæдджын лæггæдтæ.

"Кæд æмæ уавæр йæ бынатæй нæ сæндидза, уæд мах ауаддзыстæм парламентон байхъуыстытæ "Остелеком"-ы архайды тыххæй", — бафӕдзӕхста спикер.

Ног хабӕртты лентӕ
0