ЦХИНВАЛ, 22 янв — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Рибка (Роза) Джинджихашвили у фӕстаг дзуттаг Хуссар Ирыстоны. Зӕрод сылгоймаг у уӕззау хъысмӕтимӕ, фесӕфта йе ‘ввахс адӕмы иууылдӕр ӕмӕ цыма царды уӕзы бын нӕ бафӕрӕзта, уыйау ныггуыбыр ис. Раздӕры Уирӕгты кварталы, Тельманы уынджы фыццаг къуымауы зыбыты иунӕгӕй, сыхӕгты ӕмӕ хӕрзаудӕн организациты ӕвджид цӕры Рибка Мордехы чызг.
Sputnik уацхӕссӕджы бахъуыд дзӕвгар афыдӕбон кӕнын зӕронд усы цӕрӕнуат агургӕйӕ.
Цхинвалы скӕсӕн хайы ис горӕты рагондӕр район — Уирӕгты квартал. Ацы бынат кӕддӕр уыд Цхинвалы æрмиадты центр. Ӕрмдӕснытӕн-уирӕгтӕн сӕ къухӕй цыд диссӕгтӕ. Уым Цхинвалы цӕрджытӕ аразын кодтой алыгъуызон мигӕнӕнтӕ, хуыдтой дарӕс, сӕрак дзабыртӕ ӕмӕ ӕндӕр дзаумӕттӕ. Цард йæ былтæй калд.
Абон та уынгтӕ райстой ӕдзӕллаг хуыз. Ардӕм ӕрбацӕугӕйӕ адӕймаг бакъахдзӕф кӕны ивгъуыд ӕнустӕм — рагон хӕдзӕртты пырхӕнтӕ, хӕццӕ-мӕццӕ ӕвӕрд уынгтӕ, ранӕй-рӕтты нӕй ссарӕн уынджы кӕрон ӕмӕ йӕ бахизӕн. Цӕсты хауынц рагон цымыдисон архитектурӕимӕ зӕронд бӕстыхӕйттӕ, кӕцытыл нӕ бацауӕрстой рӕстӕг ӕмӕ фӕлтӕрты уазал ахаст.
Иу ахӕм къуымауы цӕры Рибка дӕр.
Раджы кӕддӕр уый Цхинвалы цард йӕ бинонтимӕ — мад, фыд ӕмӕ йӕ дыууӕ ӕфсымӕримӕ. Уыдонӕй Рибка аззад афтид, йӕхицӕн цот нӕй, ӕмӕ афтӕмӕй иунӕгӕй хъизӕмӕрттӕ кӕны.
"Мӕ фыд нал ӕрӕздӕхт Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕстӕй. Мад чындзы нал ацыд ӕмӕ мӕгуырӕй хъомыл кодта йӕ дыууӕ фырт ӕмӕ иунӕг чызджы — мӕн. Абон ме ‘фсымӕртӕй дӕр сӕрӕгас ничиуал у. Мӕ фыды уӕзӕгыл ма баззадтӕн иунӕгӕй. Ме ‘фсымӕртӕн баззад зӕнӕг, фӕлӕ уыдон мӕнӕй сты дард, цард сӕ ахаста Израилмӕ. Дард хӕстӕджытӕ ма мын ис Гуры дӕр, фӕлӕ мӕ уыдонӕй дӕр ничи бӕрӕг кӕны", — дзуры йӕ зындзинӕдты тыххӕй Рибка.
Моймӕ кӕй нӕ ацыд, уым карджын сылгоймаг аххосджын кӕны, лӕппуты лыстӕг кӕй ӕвзӕрста, уыцы хъуыддаг.
"Хорз ӕфсымӕртӕ мын уыд, тынг сӕ уарзтон ӕмӕ-иу мыл дзурӕг куы фӕзынд, уӕд ӕй барстон ме ‘фсымӕртимӕ. Барст-иу уыдон хорзӕн нӕ уыд ӕмӕ афтӕ иунӕгӕй баззадтӕн мӕ гӕдыимӕ", — банысан кодта Рибка.
Сылгоймаджы цӕрӕнуатмӕ ис уынгӕг бахизӕнтӕ, хӕдзары алыварс хъӕдӕй ӕмбонд. Усмӕ кӕд давинаг иууыл фыдгул къӕрных дӕр ницы ссардзӕн, уӕддӕр йӕ бахизӕны дуар дары ӕхгӕдӕй.
Рибкайы хӕдзары ис дыууӕ хатӕны, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр иу у цӕрӕн ӕмӕ уырдӕм дӕр бахизӕн нӕй хæррæгътæй — ӕнӕпайда, ӕнӕхъуаджы мигӕнӕнтӕ сты зӕххытыл калд, йӕ хуыссӕнмӕ бырӕтты ӕхсӕн ис уынгӕг бахизӕн. Йӕ хатӕн хъарм кӕны электрон плитӕйӕ. Хӕлцадӕй цух нӕу, ӕххуыс ын кӕнынц зӕрдӕхӕлар сыхӕгтӕ ӕмӕ Сырх дзуары ӕхсӕнадӕмон комитет.
Хатӕны кӕд азмӕлӕн дӕр нӕй, уӕддӕр Рибкайӕн сӕйраг у йӕхи рӕсугъддзинад — куыд ӕцӕг сылгоймагӕн, йӕ айдӕн ӕппынӕдзух ис йӕ разы. Ӕнӕхъусдард нӕ уадзы йӕ ныхты дӕр.
Сыхаг ус Коцты Энгрес куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй Рибка йе ‘взонджы бонты уыд тынг рӕсугъд сылгоймаг, фӕлӕ йыл царды уӕз ныууагъта ӕгъатыр фӕд.
"Мӕгуыр сылгоймаг у. Бирӕ зиӕнттӕ йыл ӕрцыд, йӕ мадызӕнӕгты баныгӕдта иууылдӕр, цы цот ма сын баззад, уыдон Рибкайӕ дард сты. Афтӕ иунӕгӕй йӕ бонтӕ ӕрвиты. Ӕз дӕр ӕм арӕх нӕ цӕуын, фӕлӕ мын куы фӕгӕнӕн вӕййы, уӕд ын хъарм хӕринаг ӕрбадӕттын", — загъта сыхаг ус.
Рибка дзуттӕгтимӕ бастдзинӕдтӕ раджы фесӕфта, фӕлӕ йӕ уд домы йӕ раттӕг адӕмӕй исты хъусинӕгтӕ. Йӕ ӕнцъылд цӕсгомыл фӕзыны цины тӕлмӕтӕ, йӕ нывӕрзӕнӕй куы сласы уирӕгты къӕлиндар, уӕд ӕмӕ йӕ райгондӕй февдисы йӕ уазджытӕн.
Ныр та йын катайаг ссис азӕххыл йӕ иунӕг ӕмгар Дыгъуызты Шотайы хъысмӕт — уый у рынчын.
"Уый дӕр мӕнау иунӕг адӕймаг у, никуы йын ничи ис, ӕмӕ кӕрӕдзийӕн нӕ мӕгуыры хъӕстытӕ фӕкӕнӕм. Ныр рарынчын ис, рынчындоны дӕр ӕй не ‘схуыссын кодтой цавӕрдӕр аххосӕгтӕм гӕсгӕ, ӕмӕ йыл мӕ зӕрдӕ тынг риссы, цы бауыдзӕн", — катай кӕны Рибка.
Зӕронд усӕн йӕхицӕн дӕр лӕмӕгъ ӕнӕниздзинад ис, йӕ бон бирӕ ницыуал у, йӕ рӕстӕг фылдӕр ӕрвиты йӕ хуыссӕн уаты. Бӕллы ӕхсӕн машинӕмӕ ӕмӕ Израилы йӕ нацийы фӕрныг цардмӕ иу цӕстӕй бакӕсынмӕ.