ЦХИНВАЛ, 22 янв — Sputnik. Хуссарирыстойнаг хæрзаудæн фонд "Амонд" расидт национ литературон преми зынгæ ирон фыссæг æмæ ахуыргонд, академик Джусойты Нафийы номыл, фехъусын кодта Sputnik фонды директор Челæхсаты Хъазбег.
Джусойты Нафи у Ирыстоны раззагон интеллигенцийы ирддӕр минӕвӕрттӕй сӕ иу, ирон литературӕйы классик ӕмӕ зынгӕ ӕхсӕнадон архайӕг. Зындгонд ахуыргонд фарон банысан кодта йӕ 90 азы юбилей, Хуссар Ирыстоны президенты указмӕ гӕсгӕ 2015 аз республикӕйы расидт ӕрцыд Джусойты Нафийы азӕй.
"2015 азы фонд "Амонд"-ы правлени фæндон рахаста, цæмæй Нафийыл 90 азы кæй сӕххæст, уый оххыл æрвылаз дæр лæвæрд цæуой æртæ премийы хуыздӕр аивадон уыцмыстæн. Сӕ куыстытӕ йӕ бон у, ӕмӕ бавдиса алы адӕймаг дӕр, ис дзы ӕрмӕстдӕр иу домӕн — уацмыстӕ хъуамӕ фыст уой ирон ӕвзагыл", — банысан кодта Челæхсаты Хъазбег.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, премийы бындурæвæрджытӕн сæ сæйраг нысан у, ирон æвзагыл чи фыссы, уыдонæн сæ курдиатджындæрты фарс балæууын, цæмæй сын Фонды премийы руаджы æххуыс цæуа сæ уацмыстæ сфæлдисынæн æмæ мыхуыры рауадзынæн.
"Уацмыстæ премимæ бавдисæн ис 2016 азы 15 мартмӕ. Фыццаг бынат чи бацахса, уый райсдзӕн 150 мин сомы, дыккаг — 100 мин сомы, ӕртыккаг та — 50 мин сомы. Конкурсы уæлахиздзау ма райсдзӕн диплом æмæ майдан Джусойты Нафийы фæлгондзимӕ", — бафтыдта йӕ ныхӕстӕм фонды директор.

Фыццаг премитӕ цытджын уавæры лæвæрд ӕрцæудзысты 2016 азы апрелы мæйы кæрон, æхсæнадон кусджытӕ, дзыллон информаци, культурæ æмæ зонад, литературæ æмæ аивады номдзыд минæвæртты раз.
Хӕрзаудӕн фонд сарӕзта горӕт Самарайы амалиуӕггæнджыты компани "Амонд"-ы минæвар, РХИ хицауады раздӕры сӕрдар Хуыгаты Ростик.