Цӕгат Ирыстоны карантин адарддӕр кодтой ноджы иу къуыримӕ

© Sputnik / Дзерасса БиазартиСкъола Цӕгат Ирыстоны
Скъола Цӕгат Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны скъолатӕ ӕмӕ сабидӕттӕ ӕхгӕд ӕрцыдысты 20 январы, республикӕйы дыууӕ хатты кӕй фӕфылдӕр ис гриппӕй рынчынты нымӕц, уый тыххӕй. Къуырисӕры карантин адарддӕр кодтой ноджы иу къуыримӕ.

ЦХИНВАЛ, 25 янв — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны скъолатӕ ӕмӕ сабидӕтты карантин адарддӕр кодтой ноджы иу къуыримӕ, хъусын кӕны 15 регион ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады информаци.

Цӕгат Ирыстоны скъолатӕ ӕмӕ сабидӕттӕ ӕхгӕд ӕрцыдысты 20 январы, республикӕйы дыууӕ хатты кӕй фӕфылдӕр ис гриппӕй рынчынты нымӕц, уый тыххӕй.

"Карантин адарддӕр кодтой 25-ӕй 31-ӕм январы онг Уӕрӕсейы фӕлхасгӕнджыты барты фӕдыл цӕстдарды уагдоны рекомендацимӕ гӕсгӕ. Уагъд цӕуы ӕппынӕдзух рынчынты мониторинг ӕмӕ уыдон нымӕцмӕ гӕсгӕ рахӕссынц уынаффӕ ахуырадон уагдӕтты сӕхгӕныны кӕнӕ бакӕныны фӕдыл", — хъусын кӕнынц министрады.

Дохтырты ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы рынчындӕтты ис ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг хостӕ дӕр, цӕмӕй рынчынтӕн рӕстӕгыл бакӕной ӕмбӕлон ӕххуыс.

Ног хабӕртты лентӕ
0