Транскамы фæхуыздæр боныгъæд, фæлæ фæндаг нырма у æхгæд

© Sputnik / Владимир Иванов /  Ахизын медиабанкмæТранскамы фæхуыздæр боныгъæд, фæлæ фæндаг нырма у æхгæд
Транскамы фæхуыздæр боныгъæд, фæлæ фæндаг нырма у æхгæд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Транскамы хуссарирыстойнаг фадыг ныридæгæн асыгъдæг кодтой митæй, цæгатирыстойнаг фадыгыл фадат фæзынд миты зæйтæ асыгъдæг кæнынмæ æрæвналынӕн, фехъусын кодтой УУМ-ы.

ЦХИНВАЛ, 25 янв — Sputnik. Транскавказы автомагистралыл фæхуыздæр боныгъæд æмæ уый фæндагон службæтæн фадат радта фæндаг сыгъдæг кæнынмæ æрæвналын, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны УУМ-ы пресс-службæйы.

Дыууæ Ирыстоны цы иунæг фæндаг иу кæны, уый ныр æртыккæгæм бон у æхгæд. Фæндаг æхгæд æрцыд 22 январы тыхджын митуарды тыххæй. Ацы бонты магистралы хæххон фадгуыты мит йæ уарынæй не ‘рлæууыд, уымæ гæсгæ фæндагон службæтæн фадат нæ уыд куыстытæм бавналын.

"Транскамы хуссарирыстойнаг фадыг ныридæгæн асыгъдæг кодтой митæй, цæгатирыстойнаг фадыгыл фадат фæзынд миты зæйтæ асыгъдæг кæнынмæ æрæвналынӕн", — фехъусын кодта УУМ-ы минæвар.

Уагдоны загътой, фæндагон змæлды баконд баст кæй у боныгъæдимæ.

УУМ-ы минæвар ма фехъусын кодта, Хуссар Ирыстоны тыхджын митуард кæй нæ бандæвта республикæйы районтæм фæндагон бастдзинадыл, уымæн æмæ фæндагон службæтæ сæ хъус дардтой уавæрмæ æмæ цырд лæууыдысты бынæттон нысаниуæджы фæндæгтæ сыгъдæг кæнынмæ. Проблемæтæ фæзынд æрмæстдæр Къуайсайы æрдыгæй, фæлæ Къуайсаимæ фæндагон змæлд сæндиддзæн æввахс сахатты, уый фæстæ та фæндагон службæтæ райдайдзысты Синагуры фæндаг сыгъдæг кæнынмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0