ЦХИНВАЛ, 25 янв — Sputnik. Уæрæсейаг эстрадон зарæггæнæг æмæ пианисткæ, проект "Голос"-ы хайадисæг Мари Карне ратдзæн солон концерт Цхинвалы, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны минæварады УФ-йы.
Мари Карне у бирæнымæц æхсæнадæмон конкурстæ æмæ фестивалты лауреат, æмгуыст кæны уæрæсейаг æмæ дунейон джаз æмæ эстрадæйы стъалытимæ.
"Музыкæйы табугæнджытæн фæзындзæн фадат уникалон хъæлæс æмæ энергетикæйы хицаумæ байхъусын, кæцы музыкалон зылды хонынц уæрæсейаг Элла Фитцджеральд, ног Эдит Пиаф", — банысан кодта дипмиссийы минæвар.
Мадзал уагъд æрцæудзæн киноконцертон зал "Чермен"-ы Хуссар Ирыстоны минæварады хъæппæрисæй.