Хуыцауы литурги сӕдӕ азы фӕстӕ ногӕй айхъуыст ирон ӕвзагыл

© Sputnik / архив Аланского женского монастыряМоладзан Георгия (Бестауты)
Моладзан Георгия (Бестауты) - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуыцауы литургийы тӕлмац кӕныныл дыууӕ азы дӕргъы куыстой ахуыргӕндтӕ-лингвисттӕ ӕмӕ динон кусджыты къорд. Динамонджытӕ нысан кӕнынц, литурги аргъуаны ирон ӕвзагыл цы бон айзӕла, уыцы бон кӕй бацӕудзӕн историмӕ.

ЦХИНВАЛ, 25 янв — Sputnik, Биазырты Дзерассӕ. Алайнаг Хуыцауы раргомдзинады сылгоймӕгты моладзандоны фыццаг хатт Хуыцауы литурги сӕххӕст кодтой ирон ӕвзагыл. Дӕсгай рӕстдинонтӕ ӕрцыдысты моладзандонмӕ сӕрмагондӕй уый тыххӕй, ӕмӕ сӕдӕ азы фӕстӕ байхъусой Хуыцауы скуывдмӕ ирон ӕвзагыл. Куывдтӕ ӕмӕ зарджытӕм ирон ӕвзагыл хъусгӕйӕ бирӕтӕ сӕ цӕссыгтӕ нӕ урӕдтой. Службӕ уагъта епархиалон советы секретарь, динамонӕг Савватий (Томайты), иеродьякон Сергей (Чехов) ӕмӕ диакъон Муриты Марк.

"Кӕд ӕрӕджы дӕр бирӕты нӕ уырныдта, службӕтӕ ирон ӕвзагыл уагъд кӕй цӕудзысты, уӕд абон алкӕйдӕр бауырныдта, ирон Хуыцауыслужбӕты традици сӕндидзын кӕнын реалон кӕй у. Ӕхсӕнадон скуывды традицитӕ ӕмӕ ӕвзаг бахъахъхъӕныны фӕрцы махӕн афтӕ зын нӕ уыд ирон ӕвзагыл службӕтӕ сӕндидзын кӕнын", — радзырдта фыд Гаглойты Савва.

© Sputnik / архив Аланского женского монастыряДинамонӕг Савватий (Томайты)
Отец Савва Гаглоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Динамонӕг Савватий (Томайты)

Моладзан Георгия (Бестауты) Sputnik куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ литургийы тӕлмац кӕнын уыд зын, фӕлӕ цымыдисон. Цӕттӕ текст иу ӕмӕ дыууӕ хатт нӕ цыд редакци.

"Мах фӕлвӕрдтам ссарын дырыс ӕмӕ æнæкъæм ныхӕстӕ Хуыцауы Литургийы сусӕг нысаниуӕг раргом кӕнынӕн. Тӕлмацы процессы рӕстӕджы мын иууыл стырдӕр циндзинад ссис уый, ӕмӕ Литургийы чин ӕнгом баст кӕй у, чысылӕй фӕстӕмӕ мын хорз зонгӕ цы ирон адӕмон кувӕн традицитӕ сты, уыдонимӕ. Сӕрыстыр дӕн, тӕлмац кӕныныл кӕй куыстон", — загъта мад Георгия.

Литурги ӕрмӕст кӕсгӕ нӕ кӕнынц, фӕлӕ ма заргӕ дӕр, уымӕ гӕсгӕ куыст кӕронмӕ нӕма бахӕццӕ. Мыхуыргонд тексттӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты профессионалон композитортӕм, ӕххӕст музыкалон ӕрмӕг саразыны тыххӕй.

"Ис нын националон зарыны традици, мах хъуамӕ уыцы бынтӕй спайда кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауы зарджытӕ саразӕм", — банысан кодта Гаглойты Савва.

Хуыцауы раргомдзинады Алайнаг моладзандоны моладзан-сылгоймӕгтӕ рагӕй бакодтой службӕтӕм ирон традицион зарды элементтӕ. Уымӕ гӕсгӕ, Литургийы рӕстӕджы аргъуаны зӕлдис националон музыкӕ.

© Sputnik / архив Аланского женского монастыряӔрбацӕугӕ адӕм дӕр ӕмӕ динамонджытӕ дӕр банысан кодтой, цау йемыдзаг кӕй у хуымӕтӕг циндзинадӕй.
Прихожане церкви Аланского Богоявленского женского монастыря - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕрбацӕугӕ адӕм дӕр ӕмӕ динамонджытӕ дӕр банысан кодтой, цау йемыдзаг кӕй у хуымӕтӕг циндзинадӕй.

Презентацийы рӕстӕджы фольклорон ансамбль "Фыдæлты намыс"-ы зарӕггӕнджытӕ сӕххӕст кодтой адӕмон героикон зарӕг. Ӕрбацӕугӕ адӕм дӕр ӕмӕ динамонджытӕ дӕр банысан кодтой, цау йемыдзаг кӕй у ӕрмӕст сӕрмагонд нысаниуӕгӕй нӕ, фӕлӕ ма хуымӕтӕг циндзинадӕй дӕр.

"Ацы бон ирон къӕлиндары хъӕуы банысан кӕнын сырх хуызӕй, уый ӕнӕмӕнгӕй бацӕудзӕн историмӕ. Ӕз тынг амондджын дӕн, цины ӕнкъарӕнтӕ ныл стых сты, сӕрыстыр дӕн мӕ адӕмӕй, ме ‘взагӕй. Махӕн ис фадат ирон ӕвзагмӕ иттӕг хорз тӕлмацӕй службӕмӕ байхъусын", — радзырдта Илья Пахуымпары дзӕуджыхъӕуккаг аргъуаны диакъон Муриты Марк.

Ӕввахс рӕстӕджы ма Хуыцаумӕскуывдтӕ ирон ӕвзагыл ӕххӕст цӕудзысты Дзӕуджыхъӕуы аргъуантӕй иуы дӕр. Ӕмӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕй фӕнды скувын, уыдонӕн фадат уыдзӕн уый аразын регуляронӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0