Транскам нырма дæр у æхгæд

© Владимир Иванов /  Ахизын медиабанкмæРасчистка снежных завалов и принудительный спуск лавин на Транскавказской автомагистрали
Расчистка снежных завалов и принудительный спуск лавин на Транскавказской автомагистрали - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Транскам у æхгæд 22 январæй сæрмагонд бардзырды онг тыхджын митуарды аххосæгæн æмæ зæйæрцæуыны тасæй.

ЦХИНВАЛ, 26 янв — Sputnik. Дыууæ Ирыстоны цы иунæг фæндаг иу кæны, уый ныр цыппæрæм бон у æхгæд. Фæндагон службæтæ сыгъдæг кæнынц трассæ митæй, фæлæ мит йæ уарынæй кæй нæ лæууы, уый аххосæй хæхты бæрзонд у зæйтæ æрцæуыны тас, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны УУМ-ы пресс-службæйы.

Транскам æрæхгæдтой 22 январы сæрмагонд бардзырды онг тыхджын митуарды аххосæгæн æмæ зæйæрцæуыны тасæй.

"Фæндагон змæлд сæндиддзæн, зæйтæ куы æруадзой æмæ фæндаг куы асыгъдæг кæной, уый фæстæ. Ныртæккæ боныгъæд фадат нæ дæтты куыстытæм æрæвналын",- загътой ведомствойы.

УУМ-ы минæвар ма банысан кодта, митуард фадат кæй нæ дæтты Хуссар Ирыстоны уæлхох хъæутæм бацæуын, фæлæ бынæттон администрациты фæндагон службæтæ сæ хъусдарынц уавæрмæ æмæ цырд лæууынц бынæттон нысаниуæджы фæндæгтæ сыгъдæг кæнынмæ.

"Царды фæндаджы" тæссагдзинæдтæ
Царды фæндаджы тæссагдзинæдтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Царды фæндаджы" тæссагдзинæдтæ

 

 

Ног хабӕртты лентӕ
0