Тедеты Дзамболат ссис уæгъдибар хъæбысхæстæй УФ-йы æмбырдгонды сæйраг тренеры хæстæ æххæстгæнæг

© Архивон къамИрон тренер Тедеты Дзамболат
Ирон тренер Тедеты Дзамболат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тедеты Дзамболат сæйраг тренерæй нысангонд кæй æрцыд, уый тыххæй фехъусын кодта УФ-йы спортивон хъæбысхæсты федерацийы сæргълæууæг Михаил Мамиашвили.

ЦХИНВАЛ, 26 янв — Sputnik. Уæгъдибар хъæбысхæстæй Уӕрӕсейы æмбырдгонды сæйраг тренеры хæстæ æххæстгæнæгӕй нысан æрцыд Тедеты Дзамболат, фехъусын кодта УФ-йы спортивон хъæбысхæсхæсты федерацийы сайтæн Федерацийы сæргълæууæг Михаил Мамиашвили.

"Мæ зæрдæ Дзамболатæн зæгъы, цæмæй æнтыстджынæй бацæттæ кæна командæ Олимпиаг хъæзтытæм. Уæрæсейы æмбырдгонд хæссы егъау бæрндзинад фæстиуджыты тыххæй. Æмæ нырттæккæ иууыл сæйрагдæр у нæ тыхтæ æрбамбырд кæнын, цæмæй нæ къухты бафта æнтыстытæ. Сæрмагонд амбицитæй спайда кæнын хъæуы иумæйаг хъуыддаджы интересты", — загъта Мамиашвили.

Тедеты Дзамболат лæууыд УФ-йы æмбырдгонды сæргъ 2001-2010 азты. Йæ сæргълæуды бын уæрæсейаг богалтæ рамбылдтой авд сыгъзæрин майданы 2004-2008 азты Олимпиаг хъæзтыты æмæ командон бахыгъды рамбылдтой алы дунейон чемпионаты дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0