Цæгат Ирыстоны гриппӕй амард дыууӕ адæймаджы

© Sputnik / Юрий Лашов /  Ахизын медиабанкмæЦæгат Ирыстоны гриппӕй амард дыууӕ адæймаджы
Цæгат Ирыстоны гриппӕй амард дыууӕ адæймаджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ныртæккæ республикæйы рынчындæтты ис пневмонийæ рынчын 188 адæймаджы. Уыдонӕй ӕхсӕз ис реанимацийы уӕззау уавӕры, ӕртӕйӕ дзы улæфынц аппараты æххуысæй.

ЦХИНВАЛ, 26 янв — Sputnik. Цæгат Ирыстоны дыууӕ адæймаджы амардысты гриппӕй, хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Цӕгат Ирыстоны скъолатӕ ӕмӕ сабидӕтты ивгъуыд ӕртыццӕджы конд ӕрцыд карантин, республикӕйы гриппӕй рынчынты нымӕц дыууӕ хатты кӕй фӕфылдӕр ис, уый тыххӕй. Къуырисӕры карантин адарддӕр кодтой ноджы иу къуыримӕ.

"Уавæр у уæззау. Рынчындæтты дæр бакодтой карантин æмæ дзы адæмы уадзынц сæрмагонд рæстæгмæ гæсгæ. Ӕндӕр хайадты дӕр æрæвæрдтой уæлæмхасæн сынтæджытæ грипп ӕмӕ пневмонийӕ рынчынтӕн", — фехъусын кодта РЦИ-А ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министр Реуазты Таймураз.

Хъусинагӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй ныртæккæ республикæйы рынчындæтты ис пневмонийæ рынчын 188 адæймаджы. Уыдонӕй ӕхсӕз ис реанимацийы уӕззау уавӕры, ӕртӕйӕ дзы улæфынц аппараты æххуысæй. Афтиӕгты та фаг нӕй вирусы ныхмӕ хостӕ.

Афтӕ ма республикӕйы уæлдæр ахуыргæнæндæтты дæр ӕрурӕдтой ахуыртæ карантины аххосӕй. Аргъӕвтой спортивон æмæ культурон мадзæлттæ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0