ЦХИНВАЛ, 26 янв — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны æруаргæ мит æрхаста бирæ фыдæбæттæ горæты шофыртæн дæр. Сæрхызт чи у, уыдон сæхи бахизыны сæраппонд сæ куыстытæм цæуынц фистæгæй, таксийыл кæнæ та æхсæнадон транспортыл.
Ивгъуыд улæфт бонты Цхинвал фæцис митын æмбæрзæны бын. Коммуналон службæтæ горæты уынгтæм ракодтой митæфснайæн техникæ.
"Цалдæр бон мæ машинæ ныууадзын гаражы. Фæндæгтæ сты салд, искæй дæр фыдбылызы цæмæ æппарын æмæ мæхи дæр. Уымæ гæсгæ куыстмæ цæуын фистæгæй, кæнæ таксийыл", — дзуры Sputnik горæты цæрæг Остъаты Зӕринӕ.
Сæхи автотранспортыл цы шофыртæ рацыдысты, уыдон машинæ скъæрынц хъавгæйæ, автоинспекцийы кусджыты æрсидтытæ хынцгæйæ.
Ацы боныгъæды адæм арæхдæр цæуынц æхсæнадон транспортыл. Райсом æмæ изæрæй лæууæндæтты æнхъæлмæ кæсы фылдæр адæм. Такситы шофыртæ дæр нысан кæнынц, сæ лæггæдтæй кæй пайда кæнынц фылдæр адæм.
"Кæй зæгъын æй хъæуы, митæй æмбæрзт уынгтыл цæрджытæн зын у цæуын. Автобустæм чи фæфæстиат вæййы, уыдон цæуынц такситыл. Уæлдайдæр та изæрыгæтты, æхсæз сахатæй фæстæмæ. Мах та цæттæ стæм, пассажиртæ нын кæдæм зæгъынц, уырдæм сæ фæхæццæ кæнын", — дзуры таксийы шофыртæй иу.
Ацы бонты фæндагыл æрæмбырд бирæ мит, уымæ гæсгæ цæрæн-коммуналон хæдзарады кусджытæ горæты уынтæм ракодтой æфснайæн техникæ.
Коммуналон службæтæ фыццаджыдæр митæй сыгъдæг кæнынц централон уынгтæ, уый фæстæ та сæ хъус аздахдзысты фæрсагон уынгтæм, фехъусын кодтой Sputnik мэрияйы пресс-службæйы.