ЦХИНВАЛ, 27 янв — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Зынгӕ ирон гоймӕгтӕ, сырдтӕ, ирон хъӕууон царды сюжеттӕ, мӕсгуытӕ ӕмӕ националон мигӕнӕнтӕ — ӕппӕт ацы диссаджы скульптурӕтӕ цӕуынц Цхинвалы фӕндзӕм астӕуккаг скъолайы дӕсӕм къласы ахуырдзау Къуезерты Сосланы арӕхстджын къухтӕй.
Хӕдӕфсӕрм, уӕздан лӕппу бӕллы архитектор, науӕд скульптор суӕвынмӕ, фӕлӕ уал ныртӕккӕ, йе стыр бӕллицмӕ тырнгӕйӕ, йӕ фидӕны скульптурӕтӕ аразы пластилинӕй.

Сӕрибар рӕстӕг, пластилины чысыл къӕртт, хорз зæрдæйы равг — ӕмӕ лӕппуйы раз февзӕры куы мӕсыг ӕмӕ хосгӕрдӕг, куы арс, куы фӕранк ӕмӕ бирӕ ӕндӕр скульптурӕтӕ. Уыдонӕн сӕ фылдӕр Сослан балӕвар кӕны йе ‘ввахс адӕмӕн, аннӕтӕ та йын ӕвӕрд сты йӕ къласы, хицӕн къуымы.
Йӕ скульптурӕты ӕхсӕн централон бынат ахсы йӕ иууыл цымыдисондӕр куыст — ирон ахуыргонд, академик Абайты Уасойы цырт. Ӕрыгон ӕрмдӕсны Уасойы цырт рацарӕзта йӕхирдыгонау.
"Цхинвалы центры йӕ цыртыл Абайты Уасо у ӕнкъард, хъуынтыз, мӕн та бафӕндыд уый мидбылхудгӕйӕ равдисын. Сарӕзтон Хетӕгкаты Къостайы цырт дӕр, фӕлӕ мӕхимӕ нал ис, кӕмӕндӕр ӕй балӕвар кодтон. Цыртытӕ мын уыйбӕрц хорз нӕ цӕуынц, фылдӕр уарзын сырдты аразын. Фӕлӕ исты конкурстӕ куы вӕййы, уӕд националон здӕхтимӕ саразын мӕ куыстытӕ", — радзырдта Sputnik Къуезерты Сослан.

Цхинвалы цы цыртытӕ ис, уыдон авторты курдиатджын архайад скъоладзауы кӕд дисы ӕфтауы, уӕддӕр йын алкӕцы куыстмӕ дӕр ис йӕхи цӕстӕнгас.
"Алкӕцы цырт дӕр ӕз саразин мидбылхудгӕйӕ, стӕй ма Хетӕгкаты Къостайы та ӕнӕмӕнгдӕр сарӕзтаин чиныгимӕ", — банысан кодта уый.
Сослан хайад райсы алыгъуызон конкурсты, ӕрӕджы дӕр йӕ къухы бафтыд Сырх дзуары ӕппӕтадӕмон комитеты бынӕттон миссийы конкурсы фыццаг бынат.
Ӕвзонг лӕппуйы дӕсны архайд дисы ӕфтауы куыд йе ‘мгӕртты ӕмӕ ӕмкъласонты, афтӕ йӕ ахуыргӕнджыты дӕр.

Скъолайы директор Бестауты Азӕйы ныфс ис, ахуырадон уагдон сӕрыстыр цы рауагъдонтӕй у, уыдон нымӕц кӕй баххӕст кӕндзӕн Къуезерты Сослан дӕр.
"Хорз сывӕллон у Сослан, ӕцӕг ирон уӕздан лӕппу, ахуырмӕ дӕр ӕвзыгъд у, йӕ къухӕй цытӕ цӕуы, уый та бынтон диссаг у", — загъта директор.
Курдиатджын лӕппу куыддӕр скъола каст фӕуа, афтӕ фӕнд кӕны йӕ ахуыр адарддӕр кӕнын Тугъанты Махарбеджы номыл нывгӕнӕн ахуыргӕнӕндоны, фӕстӕдӕр та бӕллы уӕлдӕр ахуырад архитектурӕйы хаххыл райсынмӕ. Ныр та уал иууыл ӕнувыддӕрӕй ахуыр кӕны ирон ӕвзаг ӕмӕ литература ӕмӕ алгебра.