Министртæ Транскамы æрӕхгæды фæстиуæгæн рауагътой хицауады æмбырд

© Sputnik / Ада БагианРХИ хицауады агъуыст
РХИ хицауады агъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыхджын митуард бакъуылымпы кодта республикæйы хицауады æртæ министры Хуссар Ирыстонмæ æрæздæхын.

ЦХИНВАЛ, 27 янв — Sputnik. Æртыццæджы хицауады æмбырды хайад нæ райстой Хуссар Ирыстоны хицауады министртæ æртæйæ.

Фæндагон службæтæ фæндзæм бон сыгъдæг кæнынц митæй Транскавказы автомагистраль, кæцы иу кæны дыууæ Ирыстоны.

Sputnik республикæйы хицауады куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй æмбырды æртæ министры бæсты хайад истой сæ хæдивджытæ.

"Æмбырды хайад нæ райстой фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Хазбулат, культурæйы министр Остъаты Мадинæ æмæ мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсар. Уыдонæн фадат нæй фæстæмæ æрæздæхын, фæндаг æхгæд кæй у, уый аххосæй", — загътой хицауады.

Кæд æртæ министры æмбырдмæ нæ бахаудысты, уæддæр уый нæ бахъыгдардта рабадты куыст, хъæлæсæппæрстæн кворум æмбырд æрцыд, уымæн æмæ иннæ ведомствæты разамонджытæ хайад истой æмбырды.

Транскамыл автотранспортон змæлд æхгæд æрцыд ивгъуыд сабаты.

Ног хабӕртты лентӕ
0