Тасойты Дмитрий: ÆУТ не ‘ййафы хъуагдзинад Гуырдзыйы фыдракæндты бæлвырдгæнæн базæйы

© Sputnik / Ада БагианТасойты Дмитрий
Тасойты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æхсæнадæмон уголовон тæрхондон (ÆУТ) райдыдта фыдракæндты равзæрст, кæцытæ æрцыдысты арæзт 2008 азы Хуссар Ирыстоны хотыхджын конфликты рæстæджы.

ЦХИНВАЛ, 28 янв — Sputnik. Æхсæнадæмон уголовон тæрхондон (ÆУТ) æнæхъусдардæй хъуамæ ма ныууадза, Хуссар Ирыстоны гуырдзыстойнаг хотыхджын дæлхæйдтæ цы фыдракæндтæ сарæзтой, уыдон фæдыл мингай æвдисæнадтæ, загъта республикæйы парламенты сæргълæууæджы хæдивæг Тасойты Дмитрий.

"Гуырдзыстойнаг æфсæддонты фыдракæндтæ Хуссар Ирыстоны зæххыл цы документтæ бæлвырд кæнынц, уыдон æрæмбырд кодтам æмæ сӕ радтам Æхсæнадæмон уголовон тæрхондонмæ. ÆУТ-ы прокурортæ æнæхъусдардæй хъуамæ ма ныууадзой, гуырдзыстойнаг хотыхджын дæлхæйдтæ цы фыдракæндтæ сарæзтой, уыдон фæдыл мингай æвдисæнадтæ", — банысан кодта Тасойты Дмитрий.

Æхсæнадæмон уголовон тæрхондон (ÆУТ) райдыдта фыдракæндты равзæрст, кæцытæ æрцыдысты арæзт 2008 азы хотыхджын конфликты рæстæджы Хуссар Ирыстоны, дзырдæуы документы, кæцы апарахат кодта æртыццæджы ÆУТ-ы официалон сайт.

Ног хабӕртты лентӕ
0