Хуссар Иры фæкарздæр уыдзæн наркотиктæй пайда кæныны тыххӕй æфхæрд

© Sputnik / Ада БагианРХИ мидхъуыддӕгты министрады агъуыст
РХИ мидхъуыддӕгты министрады агъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хицауад хорзыл банымадта наркотикон æмæ психотропон буарадтæй пайда кæныны фæдыл административон æмæ уголовон бæрндзинады тыххæй закъонмæ баххæстгæнинæгтæ. Документмæ гæсгæ, ахæм уагæвæрд фехалыны тыххæй фæкарздæр уыдзæн административон бæрндзинад.

ЦХИНВАЛ, 28 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад хорзыл банымадта наркотикон æмæ психотропон буарадтæй пайда кæныны фæдыл административон æмæ уголовон бæрндзинады тыххæй закъоны ног редакци, кӕцымӕ гӕсгӕ фӕкарздӕр сты административон бæрндзинады мадзæлттæ, фехъусын кодта цыппæрæмы Sputnik мидхъуыддæгты министры хæдивæг Кокойты Тарзан.

Уæрæсейы тобæгонд цы снюс у, уый цхинвайлаг сабитӕ ӕлхӕнынц сæрибарæй

Закъонмæ баххæстгæнинæгтимӕ сразы сты хицауады рабадты рӕстӕджы, цыран Кокойты Тарзан министрты размӕ рахаста, мидхъуыддӕгты министрады цы закъоныл бакуыстой, уый проект.

Йӕ ныхæстæм гæсгæ, закъоны проект арæзт æрцыд уæрæсейаг закъоны аналогимæ гӕсгӕ, фæлæ дзы ис административон бæрндзинадмæ хауæг хицæндзинæдтæ.

"Кæд Уæрæсейы ивары бæрц у 4-5 мин сомы, уæд нæ закъонмæ гæсгæ та ивары бæрц у 8 — 10 мин сомы. Раздæры редакцимæ гæсгæ та уыд 5 — 10 мин сомы. Ома мах схæцыдыстæм бинаг къӕпхӕныл", — загъта Кокойты Тарзан.

Афтек - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламент ӕрӕхгӕдта Хуссар Ирыстоны "Лирика" уӕй кӕныны бар

Уый ма банысан кодта, наркотикон æмæ психотропон буарадтæй та фæлхаттон спайда кæныны тыххæй фыдгæнæг хæсдзæн уголовон бæрндзинад, ома ахæстоны баконд æхсæз мæйæ дыууæ азы æмгъуыдмæ. Цас фылдæр хатт спайда кæна ацы буарадтæй, уас карздæр уыдзæн æфхæрд.

Кокойты Тарзан бафтыдта, ивгъуыд аз ма хицауады æркастмæ кæй рахастæуыд аналогион проект, кæцымæ гæсгæ уголовон бæрндзинад хъуамæ бынтондæр æрцыдаид ист æмæ иварты бæрц та фæфылдæр уыдаид. Фæлæ хицауад не сразы ацы документимæ æмæ йæ арвыста бакуыстмæ мидхъуыддæгты министрадмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0