ЦХИНВАЛ, 28 янв — Sputnik. Суворовы номыл Цӕгат-Кавказы ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндоны курсанттӕн рабӕрӕг ис норовирус, уагдон ӕхгӕд ӕрцыд карантины, хъусын кӕны 15 регион.
Цалдӕр боны размӕ ахуырадон уагдоны авд курсанты бахаудысты сывæллæтты рынчындонмæ хъæстæйы симптомтимæ. Специалисттæ райстой хъæугæ хуызæгтæ хæрæндонæй æмæ ахуыргӕнӕндоны иннæ бæстыхæйттæй лабораторон анализтæ саразыны тыххӕй.
Ныртӕккӕ фӕхъӕстӕуӕвӕг курсантты нымӕц ахызт 80-йӕ.
"Цӕгат Ирыстоны сывӕллӕтты барты фӕдыл ӕххӕстбарджын Кокайты Артур бабӕрӕг кодта ахуыргӕнӕндон, 82 курсанты карз инфекцийӕ кӕй фӕрынчын сты, уый тыххӕй", — дзырдӕуы хъусинаджы.
Ӕххӕстбарджыны аппараты куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй сывӕллӕтты уавӕр у рӕстӕмбис.
"Комплексон басгӕрст куыд рабӕрӕг кодта, афтӕмӕй фӕхъӕстӕйы аххосаг ссис норовирус. Ныртӕккӕ инфекцийы артдзӕст нымӕг ӕрцыд, уагъд ӕрцыдысты къорд лаборатонон ӕмӕ дезинфекцион мадзӕлттӕ", — банысан кодтой ӕххӕстбарджыны аппараты.
Курсанттӕ иууылдӕр ӕрвыст ӕрцыдысты сӕ хӕдзӕрттӕм.