УСК арвыста Гаагæмæ 2008 азы Хуссар Ирыстоны фыдракæндты фæдыл æрмæджытæ

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæУФ Слестгæнæн комитет
УФ Слестгæнæн комитет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гаагæйы, Æхсæнадæмон уголовон тæрхондоны райдыдта, 2008 азы хотыхджын конфликты рæстæджы Хуссар Ирыстоны цы фыдракæндтæ арæзт æрцыд, уыдоны равзæрсты процесс.

ЦХИНВАЛ, 28 янв — Sputnik. Уæрæсе бавдыста Æхсæнадон уголовон тæрхондонмæ УФ Слестгæнæн комитеты ӕрмӕджытӕ, 2008 азы Хуссар Ирыстоны азы хотыхджын конфликты рæстæджы цы фыдракæндтæ арæзт æрцыд, уыдон фæдыл, фехъусын кодта УФ СК официалон минæвар Владимир Маркин.

Федерацийы Советы рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Федсовет: ÆУТ-ы авторитет баст у Хуссар Иры хæсты равзæрстыл

Уый зæрдыл æрлæууын кодта, Æхсæнадон уголовон тæрхондоны Гаагæйы кæй райдыдта, 2008 азы хотыхджын конфликты рæстæджы Хуссар Ирыстоны цы фыдракæндтæ арæзт æрцыд, уыдоны равзæрсты процесс.

"Уæрæсейы Слестгæнæн комитет бакодта лæмбынæг куыст, гуырдзыстойнаг æфсæддон дæлхæйттæ цы фыдракæндтæ сарæзтой, уыдон фæдыл. Уæрæсейаг фæдагурджытæ цы бæлвырдгæнæн æрмæджытæ æрæмбырд кодтой, уыдон иууылдæр лæвæрд æрцыдысты Æхсæнадæмон тæрхондонмæ", — загъта Маркин.

2008 азы Гуырдзыстоны æфсад бабырстой Хуссар Ирмæ æмæ йын ныппырх кодтой йæ хай. Уæрæсе, республикæйы цæрджыты бахъахъхъæныны нысанæн, бакодта йе ‘фсад æмæ ахæцыд респупликæйæ æддæмæ гуырдзиаг æфсадыл. Уæрæсе æххуыс кæны Хуссар Ирыстонæн йæ экономикæ сæндидзын кæнынæн. Хуссар Ирыстоны "фондзбонон хæсты" фæстæ Уæрæсе банымадта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы суверенитет, кæцытæ раздæр уыдысты Гуырдзыстоны сконды.

Ног хабӕртты лентӕ
0