Куыд бандавдзӕн кризис цхинвайлӕгтыл?

© Flickr / Dan MoyleКуыд бандавдзӕн кризис цхинвайлӕгтыл?
Куыд бандавдзӕн кризис цхинвайлӕгтыл? - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Доллары курсы, æмæ уыимæ дуканиты æргъты хæрдмæцыд æндавы Хуссар Ирыстоны цæрджыты дзыппыл. Нырма республикæйы паникæ нæ апарахат, фæлæ экономистты прогнозтæ цæрджыты æппарынц тасы æмæ хъавгæ райдыдтой сæ хæрдзтæм кæсын.

ЦХИНВАЛ, 29 янв — Sputnik, Хъотайты Мария. Æргъты хæрдмæцыд æмæ уæрæсейаг рублы цудгæ уавæры рæстæджы цхинвайлæгтæ сæхи цæттæ кæнынц сæ хæрдзтæ фæкъаддæр кæнынмӕ 2016 азы. Бирæ бинонтæ ныридæгæн кусынц сӕ бюджеты экономийы сæрмагонд методтæ рафæлгъауыныл. Sputnik уацхæссæг бафæлвæрдта сбæрæг кæнын, куыд æмæ цæуыл экономи кæндзысты цхинвайлæгтæ.

Алы бинонты бюджеты дæр иудадзыг хæрдзтæ баст сты хæлцадон продукттимӕ. Æнæхъуаджы æлхæнинæгтæй хи бахизæн ис дуканитæм уæлдай цыд ма кæнгæйæ, мини-маркетмæ та æнæмæнгхъæуæг æлхæнинæгты номхыгъдимæ цæугæйæ, нымайынц цæрджытæ.

Цæуыл экономи кæндзысты цхинвайлæгтæ?

Респонденттæн сæ фылдæр хай цæттæ сты таксийыл цæуынӕн "нæ" зæгъынмӕ, кæцыйы аргъ чысыл Цхинвалы у 70-90 сомы. Цхинвайлæгты нымадмæ гæсгæ, горæт ахæм егъау нæу, фистæгæй цæугæйæ йæ иу кæронæй иннæмæ дæр бирæ рæстæг нæ хъæуы. Чызджытæй кæцыдæртæ аскъуыддзаг кодтой сæ сæрмагонд машинæтæ ауæй кæнын. Автомобилон бум Цхинвалы уыд дыууæ азы размæ, уæд чызджытæй тынг бирæтæ балхæдтой фæсарæйнаг машинæтæ. Фæлæ ныр, машинæимæ баст хæрдзтæ анымайгæйæ, бирæтæ аскъуыддзаг кодтой, асламдæр кæй уыдзæн æнæ "æндон бæхæй".

© Sputnik / Сергей Пятаков /  Ахизын медиабанкмæЧызджытæй кæцыдæртæ аскъуыддзаг кодтой сæ сæрмагонд машинæтæ ауæй кæнын.
Разговор по мобильному телефону - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чызджытæй кæцыдæртæ аскъуыддзаг кодтой сæ сæрмагонд машинæтæ ауæй кæнын.

Иуæй иу цӕрджытæ та фæкъаддæр кæндзысты интернет-лæггæдты хæрдзтæ, кӕцыйы тарифтæ нымайынц тынг зынаргъыл.

"4G — интернеты 20 ГБ-ы тыххæй æз фидын 1600 сомы. Хорз тагъддзинад ын ис, фæлæ куысты ис wi-fi, æмæ уый тыххæй хæдзарон интернеты хæрдзтæ фæкъаддæр кæндзæн. Рахиздзæн ма асламдæр тамакомæ дæр", — дзуры бынæттон цæрæг Багаты Эдуард.

© Sputnik / Владимир Семенюк /  Ахизын медиабанкмæКуыд бандавдзӕн кризис цхинвайлӕгтыл?
Покупки - Sputnik Хуссар Ирыстон
Куыд бандавдзӕн кризис цхинвайлӕгтыл?

Sputnik уацхæссæгимæ ныхасы нæ горæты цæрджытæй иуæй- иутæ куыд банысан кодтой, афтæмæй аргъæвдзысты цардуагон техникæ æлхæнын æмæ фатерты цалцæг иннæ азмæ. Респондентты иу хай цæттæ у хæлцы продукттыл сэкономи кæнын — уæлдай килограмтæ аппарынæн ацы вазыгджын уавæрæй пайда скæнын.

"Ис гæнæн ӕргъты категоритæм гæсгæ хæлцы продукттæ равзарын. Къаддæр æлхæндзæн адджинæгтæ, майонез, кетчуп. Иууыл диссагæйдæр нал балхæндзæн сывæллæттæн алыгъуызон "сухариктæ" æмæ "чипстæ". Фæлæ дыргътæ æлхæндзæн, куыд æлхæдтон, афтæ", — дзуры Хуыбиаты Дианæ.

Сылгоймæгтæ разы сты рæсугъддзинады салонтæ æмæ бутиктæм цыд фæкъаддæр кæныныл дӕр.

"Ракалдзæн мæ дзаумæттæ, бакæсдзæн, цыма дзы ис скæнæн. Хъавын Цхинвалы дуканиты дзаумæттæ ма æлхæнон, уымæн æмæ æргътæ сты бæрæг бæрзонддæр, Дзæуджыхъæуы æмæ Мæскуыйы базарадон центртимæ абаргæйæ. Райдайдзæн мæхицæн æмæ сывæллæттæн дзаумæттæ интернет-магазинты æлхæнын", — дзуры дыууæ сывæллоны мад Дыгъуызты Алинæ.

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæКуыд бандавдзӕн кризис цхинвайлӕгтыл?
Магазин женской одежды. Архивное фото - Sputnik Хуссар Ирыстон
Куыд бандавдзӕн кризис цхинвайлӕгтыл?

Фæлæ цыфæнды кризисы дæр сылгоймæгтæ нæ ныууадздзысты æлхæнын зынаргъ кофе æмæ парфюм.

Уæлдæр ранымад продукцийæ дарддæр ма цхинвайлæгтæ экономи кæнын райдайдзысты электроэнергийыл, лæвæрттыл се ‘ввахс адæмæн æмæ тренажерон залтыл.

Респонденттæй кæцыдæртæ басастысты, кæй сын ис хæстæ æмæ сын нæй фæстауæрц æхца.

Æмбæстæгтæй зæххы фадгуытæ кæмæн ис, уыдон сæ райдайдзысты кусын.

Амалиуæггæнджытæ дзурынц, цӕрджытæ кæй фæкъаддæр кодтой цардуагон техникæ æмæ дзаумæттæ æлхæнын

Амалиуæггæнджытæй кæцыдæртæ сæхи цæттæ кæнынц сæ дуканитæ сæхгæнынмæ æргъты фæбæрзонддæры фæстиуæгæн. Адæм къаддæр райдыдтой фæрсын дарæс æмæ цардуагон техникæ.

"Базæртты æргътæ тынг схызтысты. Уымæ гæсгæ мын фадат нал ис, мæ хæрдзтæ сисын æмæ ма пайда скæнын дæр. Клиенттæй бирæтæ хæссынц базайраг "мызды онг". Уыцы æмбарынад тынг парахат у цхинвайлаг дуканиты. Дарæс уæй кæнын нал хæссы пайда, уымæ гæсгæ хъуамæ сæхгæнон мæ дукани", — дзуры дарæсы дуканийы хицау Бестауты Розæ.

Ахæм уавæры сты цардуагон техникæйы дуканитæ дæр.

"Доллары схызтимæ фæзынаргъ цардуагон техникæ дæр. Базайрæгтæ кæд Уæрæсейы тымбыл кæнынц, уæддæр сын сæ хæйттæ ласынц фæсарæнтæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, æргътæ хизынц мæ дуканийы дæр. Бынæттон цæрджытæй сæрмагонд машинтæ кæмæн ис, уыдон сæхæдæг æрласынц техникæ Дзæуджыхъæуæй. Балхæды нымæц нæ дуканийы фæкъаддæр, фæлæ куыд нæ бон у, афтæ аразæм не ‘лхæнджыты къух — аппарæм сын аргъæй, дæттæм хæсæй. Кæннод ницы пайда исдзыстæм", — дзуры цардуагон дуканийы хицау Цхуырбаты Генрих.

Агентады респонденттæ иууылдæр банысан кодтой, кæй кусынц бюджетон къабазы æмæ сын куыстмыздæй дарддæр ницы æфтиаг ис. Премьер- министр Хъуылымбегты Доментийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2014 азы республикæйы бюджетон организациты куыста 19 мин 964 адæймаджы.

© SputnikАразæм фæлхасгæнæн къалати
Аразæм фæлхасгæнæн къалати - Sputnik Хуссар Ирыстон
Аразæм фæлхасгæнæн къалати
Ног хабӕртты лентӕ
0