Транскам æрæхгæдтой зæйтæ æрцæуыны фӕстиуӕгӕн

© Владимир Иванов /  Ахизын медиабанкмæТранскам æрæхгæдтой зæйтæ æрцæуыны фӕстиуӕгӕн
Транскам æрæхгæдтой зæйтæ æрцæуыны фӕстиуӕгӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕндаг æхгæд æрцыд 14.00 сахатыл сæрмагонд бардзырды онг, фехъусын кодтой УУМ-ы.

ЦХИНВАЛ, 29 янв — Sputnik. Транскавказы автомагистраль, кӕцы иу кӕны Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны, æрæхгæдтой автомобилон змӕлдӕн зæйтæ æрцæуыны тыххæй, фехъусын кодтой Sputnik РХИ Уæлвæткон уавæрты министрады пресс-службæйы.

"Трассæйы цæгатирыстойнаг фадыгыл зӕйтӕ кӕй ӕрцыд, уый фӕстиуӕгӕн Цæгат Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады сæйраг управлени аскъуыддзаг кодта æрæхгæнын Транскамыл змæлд 14:00 сахатæй сæрмагонд бардзырды онг", — загъта ведомствӕйы минæвар.

Транскам у иунæг фæндаг, кæцы иу кæны Хуссар æмæ Цæгат Ир. Зымæгон рæстæг трассæйыл арæх сæвзæры уæлвæткон уавæртæ æвзæр боныгъæды фæстиуæгæн.

Фæстаг хатт фæндаг митуард ӕмӕ зæйтæ æрцыды фæстиуæгæн фӕндагон бастдзинад аскъуыд 22 январы, уӕд Транскам æхгæд уыд фондз боны дӕргъы.

Ног хабӕртты лентӕ
0