Джиоты Маирбег - ювелирон дæсны

© Sputnik / Руслан ТадтаевЮвелир Джиоты Маирбег
Ювелир Джиоты Маирбег - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æрæджыйы онг ювелир Джиоты Маирбег зонгæ дæр нæ кодта, ацы профессийы минæвæрттæн кæй ис сæхи бæрæгбон.

ЦХИНВАЛ, 1 фев — Sputnik, Козаты Диана. Егъау стажимæ ювелир Джиоты Маирбег Цæгат Ирæй Хуссармæ æрцыд иу азы размæ, амы уæлдæф хорзӕрдæм кæй æндæвта йæ цардæмбалы æнæниздзинадыл, уый тыххæй. Ювелиртæн профессионалон бæрæгбон кæй ис, уымæн зонгæ дæр ницы кодта.

Ювелиры дунейон бон нысан кæнынц æрвылаз дæр 31 январы. Знон сæ бæрæгбон банысан кодтой ахæм адæм, кæцытæ нын æнæ дызæрдыгæй нæ цард кæнынц рæсугъддæр. Сæ арæзт дзауматæ адæймагмæ æвзӕрын кæнынц ӕрмæст циндзинад нæ, фæлæ зæрдæскъæфт дæр.

"Никуы фехъуыстон ахæм бæрæгбоны тыххæй, никуыдæр æй нысан кодтон. Заводы куы куыстон, уæд нын алы бон дæр бæрæгбоны хуызæн уыд", — йæ мидбылты худы Маирбег.

© Sputnik / Руслан ТадтаевЮвелиры куысты бынат
Рабочее место ювелира - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ювелиры куысты бынат

Ювелирон хъуыддагыл уый хæст у цыппор азæй фылдæр. Æфсадæй куы æрæздæхт æмæ Цхинвалы куы ницы куыст ссардта, уæд Маирбег ацыд Гуырдзыстонмæ æмæ кусын райдыдта металлургон заводы. Уый фæстæ та куыстмæ бацыд ювелирон заводмæ. Нырма ахуыргæнинагæй.

"Серьезон куыст райдайыны размæ нырма æртæ мæйы хъуамæ кодтаис ахуыр. Фæлæ æз уайтагъд фæхæст дæн ацы дæсниадыл æмæ иу мæйы фæстæ райдыдтон алыгъуызон заказтæ исын", — мысы ювелир.

Фыццаг рæстæджы куыста зæриндоны тылд дзауматыл. Йæ фыццаг арæзт сыгъзæрин дзаума та ссис къухдарæн. Фæлæ, Маирбеджы ныхæстæм гӕсгӕ, иууыл цымыдисондæр уыд ювелирон рæхыстæ аразын.

"Уый уыд хорз, цымыдисон куыст. Бирæ заказтæ æххæст кодтам. Иунæг дзаума, кæцы нæ арæзтам, уыдон уыдысты дзуæрттæ. Уый тыххæй Советон Цæдисы ахæсты кодтой", — дзуры дæсны.

© Sputnik . Руслан ТадтаевДжиоты Маирбег йӕ куысты уӕлхъус
Маирбег Джиоев за работой - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Маирбег йӕ куысты уӕлхъус

Ацы заводы куыстæн уый снывонд кодта 18 азы, цалынмæ ирæтты æлхъивын нæ райдыдтой. Уæд мингай æндæр ирæттимæ Маирбег дӕр 1991 азы алыгъд Цæгат Ирмæ. Уым райдыдта кусын ювелирæй аивадон фонды, цыран фæкуыста 23 азы. Фарон Маирбег æрцыд Хуссар Ирмæ, йæ цардæмбалы æнæниздзинады тыххæй.

Йæ ифтонггарз иууылдæр æрласта ардæм æмæ ныр кусы Цхинвалы. Æрвылрайсом дæр уый æрбацæуы, Цардуагон лæггæдты хæдзары цы чысыл хатæн арендæ кæны, уырдæм æмæ суанг изæры онг "æмпъузы æмæ цалцæг" кæны ювелирон дзауматæ.

© Sputnik / Руслан ТадтаевДжиоты Маирбег йӕ куысты уӕлхъус
Работа Маирбега Джиоева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Маирбег йӕ куысты уӕлхъус

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Цæгат Ирыстоны ахæм лæггæдты æргътæ сты бæрзонддæр, фæлæ ам бæрæг фæкъаддæр кодта йæ лæггæдты аргъ, уымæн æмæ "тæригъæд кæны цæрджытæн".

"Ахсджиаг заказтæ мын нæма уыд. Адæм æй зонгæ дæр нæ кæнынц, ахæм дæсны кæй ис. Сæйраджыдæр цæуынц, цæмæй сын сцалцæг кæнон сæ сыгъзæрин æмæ æвзист дзауматæ. Фæлæ хъæстаг ницæмæй дæн, фаг мын у уый дæр", — дзуры ювелир.

Ног хабӕртты лентӕ
0