ЦХИНВАЛ, 1 фев — Sputnik. Туристон проект "Стыр зæлдаг фæндаг" айгæрддзæн фидӕны цæгатирыстойнаг курорт "Мамысон"-ы уылты, хъусын кæны 15 регион.
"Цæгат Ирыстон бацыд трансрегионалон туристон маршрут "Стыр зæлдаг фæндаг"-мæ, кæцыйыл кусынц Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министрады эгидæйы бын. Мах лæмбынæг бакуыстам маршруты нæхи фадыгыл, уый нымæцы фидӕны курорт "Мамысон"-ыл æмæ йæ бавдыстам Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министрадмæ", — загъта республикæйы туризмы фæдыл комитеты сæргълæууæг Гæджиты Вильям.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, "Мамысон"-ы курортæй дарддæр ма маршрутмæ баконд æрцыдысты Дарьялы æмæ Уæлладжыры кæмттæ, цæй фæрцы фадат фæзындзæн фылдæр территорийыл анхъæвзын. Сæндидзгæ "Стыр зæлдаг фæндаг"-ыл Цæгат Ирыстоны уазджытæ базонгæ уыдзысты йæ истори æмæ цыртдзæвæнтимæ, кæцытæ баззадысты ирæтты фыдæлтæ — алантæй.
"Æрмæст Мамысоны комыл экскурситæ гæнæн ис иу мæйы бæрц уадзын. Ам алы цæрæн пункт дæр у гом арвы бын музей. Уыдон сты тынг рæсугъд, цымыдисон зымæджы дæр æмæ сæрды дæр. Мах бафæлвæрдтам маршрутмæ бахæссын республикæйы кæмтты истори æмæ æрдзы иууыл ахсджиагдæр цыртдзæвæнтæ, кæцытыл цыд Стыр зæлдаг фæндаг", — банысан кодта Гæджиты Вильям.
Æппæтсезонон туристон-рекреацион комплекс "Мамысон"-ы арæзтад райдыдта 2013 азы. Йæ арæзтадыл бахардз 2 млрд сомы.