Цхинвалы фӕнд кӕнынц ногӕй кинотеатр "Ирыстон" саразын

© Sputnik / Ада БагианЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Раздӕры кинотеатр "Ирыстон"-ы бынаты Цхинвалы фӕстӕмӕ кинотеатр саразыны фӕдыл сӕрмагонд инвестор бавдыста проект. Фарст скъуыддзаг кӕндзысты мэрияйы дӕлбар арӕзтады фӕдыл сӕрмагонд къамис.

ЦХИНВАЛ, 1 фев — Sputnik. Цхинвалы раздӕры кинотеатр "Ирыстон"-ы бынаты фӕстӕмӕ фӕнд кӕнынц кинотеатр саразын. Ацы проект сӕххӕст кӕныны фӕдыл финансон хӕрдзтӕ йӕхимӕ райста хисӕрмагонд амалиуӕггӕнӕг, фехъусын кодта Sputnik Цхинвалы мэр Ӕлборты Алан.

Кинотеатр "Ирыстон" уыд Цхинвалы стырдӕр кинотеатртӕй сӕ иу. Фӕсивӕд ам хъӕлдзӕгӕй ӕрвыстой сӕ рӕстӕг. Ивгъуыд ӕнусы 90 азты уӕззау рӕстӕджыты бӕстыхай ӕрцыд ӕдзӕллаг уавӕрмӕ.

"Хисӕрмагонд амалиуӕггӕнӕг горӕты администрацимӕ ӕрбавдыста проект кинотеатр "Ирыстоны" бынаты фӕстӕмӕ кинотеатр саразыны фӕдыл. Мах дӕр ацы проект нымайӕм зӕрдӕмӕдзӕугӕйыл, фӕлӕ уынаффӕ рахӕсдзӕнис горӕтарӕзтады фӕдыл сӕрмагонд къамис", — загъта Ӕлборты Алан.

Ныридӕгӕн уал ацы зӕххы фадыг горӕты централон хайы лӕууы ӕнӕпайдайӕ, ӕрмӕст йӕ бынат сыгъдӕг ӕрцыд арӕзтадон обаутӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0