Сæлбиты Аким: Дзæуыджыхъæуы тыххæй новеллæты хъуамæ уа хъармдзинад æмæ æргомдзинад

© FacebookАктер ӕмӕ режиссер Сæлбиты Аким
Актер ӕмӕ режиссер Сæлбиты Аким - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзæуджыхъæуы тыххæй киноныв арæзт уыдзæн дæс новеллæйæ. Проекты инициаторты ныфс ис горæты мэр Албегаты Борисæй, загъта Sputnik Сæлбиты Аким.

ЦХИНВАЛ, 2 фев — Sputnik. Цæгатирыстойнаг режиссер Сæлбиты Аким фæнд кæны сисын киноныв Дзæуджыхъæуы тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, нывæфтыд фильм саразыны идейæ режиссермӕ сæвзæрд рагæй.

"Киноныв "Æз уарзын дæу, Дзæуджыхъæу!" арæзт уыдзæн дæс новеллæйæ. Алкæмæн дæр зындгонд у, ахæм проекттæ нывонд кæй сты Париж, Нью-Йорк, Мæскуыйæн. Мæн фæнды æрбангом кæнын мæ коллегæты — æрыгонæй хистæр кары онг — сæ уарзон горæтмæ сæ æнкъарæнтæ раргом кæныны хъуыддаджы. Новеллæты хъуамæ уа хъармдзинад æмæ æргомдзинад, хорздзинад æмæ сæрибардзинад", — загъта Sputnik режиссер.

Сæлбиты Акимы ныхæстæм гæсгæ, ацы новеллæты цæгатирыстойнаг режиссертæ радзурдзысты историтæ, кæцыты бирæтæ базондзысты сæхи, сæ уазджыты, æрымысдзысты ивгъуыд замантæ, "уымæн æмæ Дзæуджыхъæу уарзтой Пушкин æмæ Толстой, драматургтæ Островский æмæ Булгаков".

"Мах бирæ дзурæм традицитыл, культурæйыл, историйыл. Дзæуджыхъæуы ис бирæ диссаджы бынæттæ, цыран мах уарзтам æмæ уыдыстæм амондджын. Мах уарзтам нӕ горæт йæ хъæзныг историимæ, йæ улæфтимæ, кæддæр знæт Теркимæ æмæ йæ сыгъдæг арвимæ", — банысан кодта уый.

Режиссер загъта, проект арæзт кæй æрцæудзæн æрмæстдæр горæты хицæутты æххуысæй.

"Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы проект у Цæгат Ирыстоны столицæйы приоритет. Æмæ стыр ныфс æвæрын горæты мэр Албегаты Борисæй", — бафтыдта Сæлбиты Аким.

Ног хабӕртты лентӕ
0