Цардуагон лӕггӕдты мӕгуырау уавӕр

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦардуагон лӕггӕдты хӕдзар Цхинвалы
Цардуагон лӕггӕдты хӕдзар Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы администрацийы куыд радзырдтой, афтӕмӕй Ательейы бадзӕбӕхтӕ кӕндзысты ацы аз, Цардуагон лӕггӕдты хӕдзары кусджытӕ та нырма быхсдзысты зындзинӕдтӕ.

ЦХИНВАЛ, 2 фев — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы тӕккӕ центры се ‘дзӕллаг уавӕртӕй ӕмӕ ӕддаг бакастӕй цӕсты хауынц дыууӕ бӕстыхайы — Модӕты ателье ӕмӕ Цардуагон лӕггӕдты хӕдзар. Афтӕмӕй та ацы дыууӕ агъуысты къӕсӕртӕй ӕрвылбон дӕр бахизынц дӕсгай адӕймӕгтӕ, ардӕм цӕрджытӕ цӕуынц сӕхи срӕсугъд кӕнынмӕ, дарӕс ӕмӕ дзабыртӕ бахуыйынмӕ, кӕнӕ сӕ цардуагон техникӕ бацалцӕг кӕнынмӕ.

Дыууӕ бӕстыхай дӕр капиталонӕй сты цалцӕггӕнинаг — тӕдзынц сӕ агъуыстытӕ, къултӕн кӕлы сӕ сӕрст, кусӕгон хатӕнтӕй бирӕты рудзгуытыл нӕй ӕвгтӕ дӕр, къуымты зилы уазал дымгӕ. Рӕстӕгӕй дарддӕр ма сӕ ӕнӕхъусдард нӕ ныууагъта 2008 азы хӕст дӕр — Ательейыл комкоммӕ сӕмбӕлд срӕмудзӕн ӕрмӕг, Цардуагон лӕггӕдты хӕдзарӕн та ӕрхаудта йӕ разы. Афтӕ уазалы, мӕгуырау уавӕрты ам кусынц уӕлӕдарӕс- ӕмӕ дзабырхуыйджытӕ, сахатаразджытӕ, парикмахертӕ, ювелиртӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр цардуагон лӕггӕдты дӕснытӕ.

© Sputnik / Фатима ПлиеваМодӕты ателье Цхинвалы
Ателье и дом быта - Sputnik Хуссар Ирыстон
Модӕты ателье Цхинвалы

Раздӕр Ательейы ӕгас дыккаг уӕладзыджы куыстой ӕрмӕстдӕр хуыйджытӕ. Уӕды дуджы цӕттӕ дзаумӕттӕ стӕмтӕ ӕлхӕдтой, фылдӕр бӕрцӕй Цхинвалы цӕрджытӕ сӕ дарӕс кодтой хуыйын, уымӕ гӕсгӕ хуыйджытӕ уыдысты тынг популярон, сӕ куыстыл-иу ӕххӕсгӕ дӕр нал кодтой.

Ныр та ма дзы кусы цалдӕр сылгоймаджы ӕмӕ иу нӕлгоймаг хуыйӕг — Бестауты Алымбег. Уымӕн йӕ куысты хатӕн ис ӕдзӕллаг уавӕры. Агъуыст кӕй тӕдзы, уый аххосагӕн йӕ къултыл фӕцыд дон ӕмӕ згъӕлын райдыдтой. Алымбег йӕ кусӕн бынат сфӕлыста Плиты Иссӕ, Сталины ӕмӕ ӕндӕр зынгӕ гоймӕгты нывтӕй, фӕлӕ уӕддӕр ӕфсӕрм кӕны, ӕххуысагурӕг ӕм цы цӕрджытӕ ӕрбацӕуынц, уыдонӕй.

"Нӕлгоймӕгтӕ сӕ дарӕс рацаразынмӕ иууылдӕр цӕуынц мӕнмӕ, суанг ма уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ дӕр. Мӕхӕдӕг адӕмӕй ӕфсӕрм кӕнын, ахӕм ӕдзӕллаг уавӕртӕ нӕм кӕй ис. Цалдӕр хатт схызтӕн уӕлхӕдзармӕ, агъуыст-иу бацарӕзтытӕ кодтон, фӕлӕ уӕддӕр тӕдзы", — дзуры Алымбег.

© Sputnik / Фатима ПлиеваХуыйӕг Бестауты Алымбег
Ателье и дом быта - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуыйӕг Бестауты Алымбег

Сыхаг хатӕны цы сылгоймӕгтӕ кусынц, уыдонӕн дӕр хуыздӕр уавӕртӕ нӕй, фӕлӕ уӕддӕр, ахӕм куыст сын кӕй ис, уымӕй дӕр райгонд сты.

"Мӕнӕ ацы иу къуымы кусӕм, плитӕйӕ хъарм кӕнӕм нӕ кусӕн хатӕн. Ацы уӕззау рӕстӕджы бирӕ адӕм ӕгуыстӕй бадынц, мах та уӕддӕр кусӕм, нӕхи цӕмӕй фӕдарӕм, уый нын уӕддӕр ис", — банысан кодта хуыйӕг Цхуырбаты Римма.

Ӕнгӕс уавӕртӕ ис Цардуагон лӕггӕдты хӕдзары дӕр. Ацы хӕдзар кӕддӕр уыд Цхинвалы рӕсугъддӕр бӕстыхӕйттӕй сӕ иу уникалон архитектурӕимӕ. Ныр та сау ӕндӕргау лӕууы горӕты центры. Паддзахадон унитарон куыстуат "Адӕмы цардуагон лӕггӕдтӕ" 2015 азы бӕстыхай мидӕгӕй бадзӕбӕхтӕ кодта, фӕлӕ дзы нырма ис бирӕ аразинӕгтӕ.

Хуыйӕг Хъулымбегты Заретайы дӕлбар кӕддӕр ам куыстой цалдӕр хуыйӕджы. Йӕхӕдӕг та хуыдта дарӕс Цхинвалы иууыл зындгонддӕр адӕмӕн.

Ныр йӕ хатӕны кусы иунӕгӕй. Уазал боныгъӕды йын иуран ӕрбадӕн нӕй — кӕд ӕм уыйбӕрц закъазтӕ нӕй, уӕддӕр дыууӕрдӕм цӕуынӕй йӕхи хъарм кӕны. Хӕсты йӕ рудзгуытӕ ныппырх сты ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ арӕзт не ‘рцыдысты. Йӕхӕдӕг сӕ бафидар кодта хъӕбӕр гӕххӕтт ӕмӕ целлофантӕй, фӕлӕ уӕддӕр уад йӕ къуымты зилахар кӕны.

© Sputnik / Фатима ПлиеваХъулымбегты Зарета кӕддӕр хуыдта дарӕс Цхинвалы иууыл зындгонддӕр адӕмӕн
Ателье и дом быта - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъулымбегты Зарета кӕддӕр хуыдта дарӕс Цхинвалы иууыл зындгонддӕр адӕмӕн

Лӕууы йӕм суджы пец, фӕлӕ уымӕн дӕр суг агуырдта фылдӕр бӕрцӕй уынгты. Ныр та хатӕн хъарм кӕны плитӕйӕ, фӕлӕ уый дӕр уазалыл нӕ тых кӕны, мӕйы кӕронмӕ йӕ фиддонтӕ цы сбирӕ вӕййынц, уымӕй дарддӕр.

"Нырмӕ ма нын ницы уыд, хатӕнӕн мӕй фыстон иу мин ӕмӕ ӕрдӕг, уыдон дӕр ныр хъавынц дыууӕ мин ӕмӕ ӕрдӕгмӕ скӕнынмӕ, ӕз та уыйбӕрц ницы кусын, стӕй ма электрон рухсы хӕрдзтӕ дӕр бирӕ слӕууынц", — дзуры хуыйӕг.

Горӕты администрацийы Sputnik ныфс бавӕрдтой, кусджытӕн фиддонтӕ кӕй нӕ фӕфылдӕр кӕндзысты, фӕлӕ уавӕртӕ дӕр цӕхгӕр хуыздӕрмӕ ӕввахс рӕстӕджы нӕ фӕивдзысты. Мэрияйы куыд банысан кодтой, афтӕмӕй ацы аз планы ис ӕрмӕст Модӕты ательейы бӕстыхай ӕмбӕлон уагмӕ ӕркӕнын.

"Ацы аз раивдзыстӕм Ательейы агъуыст, электронон хызӕг ӕмӕ бӕстыхайы ӕддаг хуыз срӕсугъд кӕндзыстӕм. Цардуагон лӕггӕдты хӕдзар дӕр ис Унитарон куыстуат "Цардуагон лӕггӕдты" дӕлбар. Бахӕс сын кодтам, цӕмӕй сӕ кусджытӕн уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕной, мах дӕр нӕ къух куыд амона, афтӕ сын ӕххуыс кӕндзыстӕм", — загъта Цхинвалы мэр Ӕлборты Алан.

© Sputnik / Фатима ПлиеваМодӕты ателье Цхинвалы
Ателье и дом быта - Sputnik Хуссар Ирыстон
Модӕты ателье Цхинвалы

Ныр та уал ацы дыууӕ бӕстыхайы кусджытӕ, мӕгуырау уавӕртӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, лӕггад кӕнынц цӕрджытӕн ӕмӕ сӕ ныфс ис, сӕ хъус сӕм кӕй ӕрдардзысты ӕмӕ кӕддӕр сӕ уавӕртӕ бӕрӕг кӕй фӕхуыздӕр уыдзысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0