ЦХИНВАЛ, 2 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы хъæутæй иуы цæрæг бархийæ радта Мидхъуыддæгты министрадмæ хæцæнгæрзтæ æмæ хæстæрмæджыты стыр парти, фехъусын кодта ведомствӕйы пресс-службæ.
"Аунеуы хъæуы цæрæг бацыд къуырисæры Мидхъуыддæгты министрады криминалон милицимæ æмæ фехъусын кодта, кæй ссардта бирæ хæцæнгарз æдзæрæг хæдзары бынæттон хъæууонхæдзарадон фермæйы цур", — фехъусын кодта министрады минæвар.
Бынатмæ бацæуæг оперативон кусджытæ ссардтой ставдкалиберон пулеметтæ, хæстон гранатæтæ, фистæгæфсады ныхмæ минæтæ, гранатæхсæджы хæстæрмæджытæ, автоматон хæцæнгарзы магазинтæ æмæ алыгъуызон калибры бирæ гилдзтæ.
Арсенал байстой оперативон кусджытæ, уыдон бæрæг кæнынц ацы хæстæрмæджытæ æмæ хæцæнгæрзты равзæрд.