Калоты Виталий хорзӕхджын ӕрцыд майдан "Во Славу Осетии"-йӕ

© Sputnik / Антон Денисов /  Ахизын медиабанкмæКалоты Виталий
Калоты Виталий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Калоты Виталий стыр ӕххуыс бакодта Цхинвалы спорты галуан "Олимп"-ы арӕзтадӕн, уыд объекты проекты автор ӕмӕ къухдариуӕггӕнӕг.

ЦХИНВАЛ, 2 фев — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны арӕзтады министры хӕдивӕг Калоты Виталий хорзӕхджын ӕрцыд бӕрзонд паддзахадон хорзӕх "Во Славу Осетии"-йӕ ӕмӕ ацыд пенсийы, хъусын кӕны газет "Комсомольская правда".

Калоты Виталий Цӕгат Ирыстоны арӕзтады министры хӕдивӕджы бынаты кусгӕйӕ бацӕттӕ кодта Дзӕуджыхъӕуы телемӕсыг, Гергиты Валерийы номыл Кавказаг музыкалон культурон центры ӕмӕ ӕндӕр объектты арӕзтӕдтӕ. Афтӕ ма Калоты Виталий стыр ӕххуыс бакодта Цхинвалы спорты галуан "Олимп"-ы арӕзтадӕн дӕр.

"Майдан "Во Славу Осетии" Калойы фыртӕн лӕвӕрд ӕрцыд адӕмы цардуагон уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕныны тыххӕй, рӕзгӕ фӕлтӕртӕн хорз хъомылад раттыны тыххӕй", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Калоты Виталийӕн 2002 азы йӕ бинонтӕ — йӕ бинойнаг ӕмӕ дыууӕ сабийы бабын сты авиакатастрофӕйы Бодены цады сӕрмӕ. Дыууӕ азы фӕстӕ уый амӕрдта катастрофӕйы азымджыны — диспетчер Питер Нильсены ӕмӕ уый тыххӕй цыппар азы фӕбадт Швейцарийы ахӕстоны. 2008 азы йӕ ӕмгъуыдӕй раздӕр ссӕрибар кодтой. Уый фӕстӕ йӕ райгуырӕн бӕстӕ — Цӕгат Ирыстоны нысан ӕрцыд арӕзтады министры хӕдивӕгӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0