Цхинвайлаг армрестлертæ ӕрхастой дыууӕ майданы Цӕгат Иры чемпионатӕй

© Sputnik / Михаил Мокрушин /  Ахизын медиабанкмæЦхинвайлаг армрестлертæ ӕрхастой дыууӕ майданы Цӕгат Иры чемпионатӕй
Цхинвайлаг армрестлертæ ӕрхастой дыууӕ майданы Цӕгат Иры чемпионатӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
100 кг уӕзы категорийы ӕвзист майдан рамбылдта Бететы Алан, 90 кг категорийы та бронзӕйон призер ссис Гасситы Сослан.

ЦХИНВАЛ, 3 фев — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны республикон чемпионаты армспортæй призон бынӕттӕ бацахстой дыууӕ цхинвайлаг спортсмены, фехъусын кодтой Sputnik фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты.

Ацы ерыстӕ нымад сты Уæрæсейы чемпионатмæ æвзарæн къæпхæныл. Уыдон цæудзысты марты Раменскы. 20 азы бæрц ирыстойнаг спортсментæ УФ нымад сты æппæтæй тыхджындæртыл æмæ æдзух вæййынц Уæрæсейы иугонд командæйы хуыздæр минæвæртты ӕхсæн.

"Гасситы Сослан фыццаг хатт тох кодта хистӕр кары спортсменты ӕхсӕн ӕмӕ йӕ къухы бафытд ӕртыккаг бынат. Нӕ аннӕ богал Бететы Алан ныр ӕртыккаг хатт архайдта Цӕгат Ирыстоны чемпионаты ӕмӕ схызт йӕ уӕзы категорийы дыккаг бынатмӕ", — загъта уагдоны пресс-секретарь Хуриты Батрадз.

Ерыстæ цыдысты Дзæуджыхъæуы фæсивæды галуаны, тох дзы кодтой 100 спортсменæй фылдæр. Республикон турнир ирыстойнаг армрестлертæн ацы сезоны уыд фыццаг. Ацы аз ма сæхи фæлвардзысты Уæрæсейы, Европæйы æмæ дунеон ерыстæм æвзарæн къæпхæнты.

Ног хабӕртты лентӕ
0